Музыкæйы уылæнтыл
Зындгонд америкаг дирижер Кристиан Кнапп гастрольты æрцыд Дзæуджыхъæумæ. Мариинаг театры дæлхайады ратдзæн 2 концерты. Йæ фыццаг равдысты разамынд лæвæртта Гæлæуты Анатолийы æвæрд оперæ «Кармен»-æн. Йæ райсомы концерты программæйы та Паддзахадон филармонийы æрбацæуджытæ фехъусдзысты Моцарты æртын æхсæзæм æмæ Чайковскийы фæндзæм симфонитæ. Цæгат Ирыстонмæ Кристиан Кнапп æрцыд фыццаг хатт. Йе сфæлдыстад бирæты зæрдæмæ фæцыд. Дирижер дзырд радта, тагъд рæстæджы та нæм ногæй кæй æрцæудзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Музыкæйы уылæнтыл
Категория:
Новости и СМИ