Леваневскийы номыл уынджы 279 æм хæдзары цæрджытæ фæндаджы уавæрæй хъаст кæнынц
Дзæуджыхъæуы, Леваневскийы номыл уынджы, 279-æм хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц. Цы фæндаг цæм цæуы, уым нæдæр фистæгæй ахизæн ис, нæдæр хæдтулгæйыл ацæуын. Дзыхъхъытæй йæдзаг, уæдæ дзы къахвæндаг дæр нæй, афтæмæй та адæмы æдасдзинадæн уæлдай тæссаг вæййы. Мæнæ ацы фæндагыл хæдзармæ бафтын æнцон хъуыддаг нæу. Уыимæ ма ныр цалдæр азы дæргъы. Леваневскийы номыл уынджы 279 хæдзары рахизæн дзыхъытæ-къуыппытæй нæ зыны. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзы нæ фистæгæй нæ хæдтулгæйыл ацæудзынæ. Къæвда бон дзы цæугæдон рауайы. Зымæгон та цæрджытæ ихы сæр аззайынц. Белла Медоева - жительница дома на Леваневского 279: «Мæнæ ацы хæдзары сæрæй къæвда бон цыхцырджытæй ахизæн нæ вæййы. Зымæгон дæр нæ хъуыддаг сæ хуыздæртæй нæ вæййы. Арæх дзы фæкæлы адæймаг. Цæфтæ райсынц». Цæрджытæ дзыхъытæ сæхæдæг бампъуызынц. Хуыр дзы ныккалынц. Афтæмæй хъуыддаг рæстæгмæ аиуварс кæнынц. Æмæ афтæ 10 азæй фылдæр. Бирæуæладзыгон хæдзарæй гыццыл фалдæр та сывæллæтты рæвдуæндон ис. Уым дæр фæндаг дзыхъытæй нæ зыны. Хæдтулгæты шофыртæ дзы къуылымпыдзинæдтæ `ййафынц. Фистæгцæуыджытæн та дзы сæрмагонд бынат уæвгæ дæр нæй. Афтæмæй алы райсом æмæ изæр сывæллæтты рæвдауæндоны раз адæм æмæ хæдтулгæтæ сымхæццæ вæййынц. Наталия Слохова, мама ребенка: «Куыд æй уынут уæхæдæг, афтæмæй ам фистæгцæуджытæн бынат æппындæр нæй. Хæдтулгæтæ кæуылты цæуынц, уым сæ астæуты адæм дæр фæлварынц ахизын. Сæ фылдæр сывæллæттæ. Къæвда куы фæуары, уæд дзы ахизæн æппындæр нæ вæййы. Иу къухæй коляскæйыл хæцын фæхъæуы, иннæ къухæй та дыккаг сывæллоныл хæцыс цæмæй йæ фæндаджы сæрты ахонай». Хæдзары цæрджытæ æмæ сывæллæтты рæвдуаæндоны кусджытæ сæ хъаст Дзæуджыхъæуы администрацимæ дæр бахастой. Фæндаггон фонды специалисттæ æмæ мэр бынаты хъуыддагмæ æркастысты. Зæрдæ бафæрдтой фарста кæй аиуварс кæндзысты. Игорь Гиоев,главный специалист Дорожного управления АМС г. Владикавказа: «Ацы аз бирæ фæндæгтæ цалцæг кæнæм. Ацы уаццаг проектмæ нæ бахауд. Фæлæ йæ мах бахастам 2020-æм азы федералон проектмæ. Афтæмæй фæндаджы хай цалцæггонд æрцæудзæн. Фистæгцæуджытæн дзы ахизæн дæр уыдзæн». Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй афæдзы кæронмæ сараздзысты тендер. Фæлæ цалцæггæнæн куыстытæ райдайдзысты æрмæст уалдзæджы. Уый таууыл дзурæг у æмæ цæрджыты хъæуы банхъæлмæ кæсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Леваневскийы номыл уынджы 279 æм хæдзары цæрджытæ фæндаджы уавæрæй хъаст кæнынц
Категория:
Новости и СМИ