Цæгат Ирыстоны сæрмагонд æмбырды æрдзырдтой нымæцон райрæзты фарстатыл
Абон дыккаг бон регионалон министртæ, сæ хæдивджытæ, вице губернатортææмæ хицауады уæнгтæ сæрмагонд æмбырды дзурынц нæ бæстæйы нымæцон райрæзты фарстатыл. Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 300 минæвары нæ бæстæйы алы регионтæй. Фембæлд сарæзтой Фыййагдоны «Арт-Отель»-ы. Цæгат Ирыстон æртыккаг бынат у ахæм ахсджиаг мадзал кæм сарæзтой. Абон æмбырды архайдта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Бынаты фембæлд Уæрæсейы нымæцон райрæзт, бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты министр Константин Носковимæ. Равдысты фæз бабæрæг кодтой. Уым сын равдысдтой нæ бæстæйы специалистты куыстытæ. Уыдоны руаджы нæ бæстæйы дард хъæутæ сивтонг кæнæн ис хъæрзхъæд интернеты бастдзинадæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сæрмагонд æмбырды æрдзырдтой нымæцон райрæзты фарстатыл
Категория:
Новости и СМИ