Елхоты Сæхгадтой мысæн вахтæ «Кавказский рубеж»
Æппæтаадæмон Номарæн Вахтæ «Кавказы арæнтæ 2019» хатдзæгтæ скодта. Кадджын мадзал абон сарæзтой Елхоты. Архайдтой дзы мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ, сæ сæргъы Михаил Скоков афтæмæй, стæй Кировы районы администрацийы разамынд æмæ Ветеранты советы уæнгтæ. Номарæн Вахтæйы амидингæнджытæ сты мидхъуыддæгты министрад. Йæ сæйраг хъуыды у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тугкалæн цауты чи фæмард, уыдоны нæмттæ ссарын. Сæ биноноты æмæ хиуæтты сбæрæг кæнын. Уыимæ ма, æрыгон фæлтæры базонгæ кæнын нæ республикæйы историимæ æмæ фыдыбæстæмæ уарзондзинад раргом кæнын. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ историон цаутимæ раст нæ зонгæ кæнынц, уæдæ рохуаты дæр зайынц. Рæстдзинад сбæрæг кæнын, нымайынц сæ сæйраг хæсыл. Ацы хат дæр Номарæн Вахтæйы куыстæн бирæ бантыст. Афтæмæй, 9 бонмæ ссардтой 136 Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг чи фæмард, уыцы æфсæддонты стæгдартæ. Уыдонæй 5-æн рабæрæг кодтой сæ нæмттæ. Куыстыты рæстæг, 58-æм æфсады сапертæ ссардтой 121 рæмудзæн æрмæджы. Хæцæнгарзы 4 иуæджы æмæ 100 æфсæддон артефакты. Уыдон арвитдзысты музеймæ. Ахæм егъау куысты бацархайдтой 156 сæрмагонд кусæджы. Сты Республикæ Казахстан æмæ Донецкæй, стæй Уæрæсейы 17 регионæй. Куыстытæ цыдысты Кировы, Рахизфарсы, Æрыдоны, Горæтгæрон, Æрæфы, æмæ Мæздæджы районты. Алы бон дæр бынаты архайдта 15 техникæйы иуæджы. Куыстой æхсæвæй бонæй. Уый тыххæй рады лæууыд медицинон тагъдæххуысы къарет. Ацы аз номарæн Вахтæ ахицæн æнæ фыдбылызæй. Æдасдзынады домæнттæ уыдысты æххæстгонд. Кæронбæттæн мадзалы абон цы æфсæддонты стæгдартæ ссардтой, уыдонæн кадджын уавæры зæгъдзысты фæстаг фæндараст. Райсом та сæ æгъдаумæ гæсгæ, æфсымæрон ингæны баныгæндзысты. Уый тыххæй дæр уын райсом хабар кæндзыстæм. Ныр уал нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæйы æрмæг Елхотæй. Номарæн Вахтæйы кæронбæттæн мадзал куыд ацыд, уый тыххæй. Мысæн вахтæ «Кавказский рубеж 2019»-ы сæхгæныны мадзалмæ абон саккаг кодтой бирæ адæм. Ардæм цыдысты Кировы æмæ иннæ районты цæрджытæ, скъоладзуатæ. Мысæн вахтæмæ цыдысты зæрдæргъæвдæй. Йæ тыхтæ чи нæ бавгъау кодта æмæ зæрдæргъвдæй ацы 2 къуырийы чи фæкуыста Кировы районы быдырты, уыдонæн нæ республикæйы мидхъуыддæдгты министр Михаил Скоков загъта бузныджы ныхæстæ. СКОКОВ ЛАЙФ 3-æм æй 11-æм апрелмæ ардæм æрбацыдысты 2 мин сывæллонæй фылдæр. Се хсæн скъоладзаутæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ. Ахуырдзаутæн уыд фадат бацархайын алыхуызон æркастыты. Сарæзтой сæ нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæ æмæ мидхъуыддæгты министрадты хъæппæрисæй. Сывæллæттæ сæ тыхтæ æвзæрстой хъæбатырты сгуыхтдзинæдты тыххæй хуыздæр цау радзурыныл, уыимæ кастысты æмдзæвгæтæ æмæ зарыдысты хæстон зарджытæ. Хуыздæрты абон хорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михиал Скоков. Мадзалы сæрмагонд хайы хуыздæр агурæн къордты архайджыты схорзæхджын кодтой Майдантæй æмæ кады гæххæттытæй. ЛОЗОВСКАЯ ПОЛИНА - АГУРÆН ОТРЯД «МЕДВЕДИ» -йы УÆНГ «Мæ бон ныхæстæ ссарын дæр нæу». Нæ куысты хатдзæгтыл цин кæнæм иумæ. Æз мæхæдæг дæн кАРЕЛИЙЫ республикæ ЙÆ ДÆН. Абон мæ схорзæхджын кодтой майданæй. Æнхъæл дæр нæ уыдтæн. Ахæм хæрзиуæджы аккаг ам алчидæр у. Мах фылдæр кусæм Сыбыры. Цæгат Ирыстоны фылдæр бакуыстам хæхты. Уæ республикæйы агуырдждытæн зæгъын бузныг. Сæ цæттæдзинад у æмблгæ æмвæзадыл. Бирæтимæ базонгæ дæн. Мæнмæ гæсгæ хæларæй цæрдзыстæм дарддæр дæр" Акцийы сæйраг мадзал- «Хъæбатырдзинады урок». Ам уазджытæн дзырдтой патритон хъомыладæн пайда æмæ хъæугæ историтæ. Базонгæ сты ветерантимæ. Уыдоны ныхæстæм гæсгæ, патриотон хъомыладæн ахæм хъуыддаг у æнæмæнг аразинаг. БÆТÆГАТЫ ТАЙМУРАЗ- ИНÆЛАР-БУЛКЪОН 10 боны Елхоты дуæртты размæ хъæды сарæзтой æцæг экспедицы. 45 агурæн къорды нæ бæстæйы 17 регионæй зылдысты, æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы салдæтты фæдтыл. Фæллайгæ та куыннæ бакодтой. Фæлæ сæ куыстæн хорз хатдзæгтæ рауад. Уыцы куысты агурджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы балцты бирæ тыхтæ бахардз кæнынц. СИХЪОТЫ СОСЛАН- ЦÆГАТ КАВКАЗЫ ФЕДЕРАЛОН ЗЫЛДЫ ÆХСÆНАДОН ЦÆДИСЫ МИДХЪУЫДДÆГТЫ СÆЙРАГ РАЗАМЫНДЫ СÆРДАР 1942-æм азы Елхоты дуæртты раз цыдысты тæккæ тугкалгæ тохтæ. Уæдæй абонмæ рацыд 77 азы. Ацы хатт 136 æфсæддонты стæгдартæ кадджын мадзалы ныгæд æрцæудзысты райсом. 5-æн дзы рабæрæг сæ мыггæгтæ дæр. Сæ ном ссарынмæ Æрджынарæгмæ ссæудзысты сæ хиуæттæ. Акци "Мысæн вахтæ" уымæн арæзт æрцæуы, цæмæй тохы быдыры цы салдæттæ баззад уыдоны ссарой æмæ сæ æмбæлгæ хуызы баныгæной. Уыимæ фæсивæды патриотон хъомылады райрæзтыл бакусой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Елхоты Сæхгадтой мысæн вахтæ «Кавказский рубеж»
Категория:
Новости и СМИ