Бæлццоны хорздзинадæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Сæрдыгон рæстæг баулæфыны нысанимæ нæ республикæйы æмæ Уæрæсейы цæрджытæ абалц кæнынц Гуырдзыстонмæ. Уырдæм афтыны гæнæнтæй иу у Арвы комы фæндагыл арæны сæрты ахизын. Фæлæ хаттæй-хатт уадзæн пункты `рдыгæй рад цалдæр километрмæ адæргъæвæтин вæййы. Уымæ гæсгæ сæрмагонд службæтæ бавнæлдтой фæндаг фæуæрæхдæр кæныны тыххæй цалцæггæнæн куыстытæм. Цалдæр боны размæ ам хæдтулгæты рад адæргъвæтин 2 æмæ рдæг километры бæрц. Шофырты иу æппынкъаддæр 10 сахаты бахъуыд æнхъæлмæ кæсын. Ныр уавæр фендæрхуызон ис, рад 300 метрмæ æркъаддæр. Дыууæ сахаты `мгъуыдмæ иууылдæр арæныл агæпп кæндзысты. Раст зæгъгæйæ, ахæм амонд ам арæх нæ фæвæййы бæлццæттæ. Арæх — куыд дæм бахуда, уымæ гæсгæ. Фæлæ шофырты цинæн уæддæр кæрон нæй — се змæлд фæтагъддæр ис. Арæнхъахъхъæнæг службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй нæдæр рæстæг, нæдæр къуырийы бон машинæты бæрцмæ ницы бар дарынц. Сæрдыгон хæдтулгæтæ фæфылдæр вæййынц. Уæвгæ «Ларс»-ы уадзæн пункты сæрты боны дæргъы ахизыны фадат ис 4000 машинæйæн. Фæлæ уавæр афтæ скарз ис, æмæ 13 000 машинæйы дæр ауадзынц. Æмæ кæд уавæр цæхгæр нæ фæивдзысты, шофырты хъизæмар иучысыл хъуамæ фæрогдæр уа. Фæндæгты Федералон разамынды дæлхайад «Кавказ»-ы сæрдар Гуыбаты Чермен: «Ацы рæнхъытæ кæнæм уый тыххæй, цæмæй машинæтæ иуыл ма цæуой. Цæмæй хæдтулгæтæй кæцыдæртæ сæхи иннæ рæнхъмæ байсой, æмæ цæмæй сæ цыд фæтагъддæр уа. Мах дæр æмæ паддзахады дæр фæнды, цæмæй рог æмæ уæзласæн хæдтулгæтæ цæуой сæрмагондæй арæзт фæндæгтыл. Рæнхъытæй кæцыдæртыл та цæудзысты автобустæ». Ныртæккæ арæны сæрты ахизыны фæндаг дихгонд у дыууæ рæнхъыл. Ныридæгæн ам цы куыст кæнынц, уый таможнийы æмæ арæнхъахъхъæнджыты службæйæн бар ратдзæн куыст фæхуыздæр æмæ машинæты цыд фæтагъдддæр кæнынæн. Нысан кæнынц афæдзы кæронмæ фæндаг 600 метры фæуæрæхдæр кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бæлццоны хорздзинадæн

Категория:

Новости и СМИ