Дзæуджыхъæуы 43-æм скъолайы сцалцæг кодтой дзюдойы зал
Цæгат Ирыстоны дзюдоисттæ ныр сæ бæллицтæ æххæст кæнынц аккаг фадæтты. Ныхас цæуы, 43-æм скъолайы цы фæсивæд тренировкæ кæнынц, уыдоныл. Æрæджы дæр ма сæ агъуыст уыд æдзæллаг уавæры. Спортментæ дыгæйттыл адих сты æмæ архайынц кæрæдзийы абырсыныл. Ахджиаг у ма 'вналын бæрзæймæ, уыимæ ма нæй къухтæ, къæхтæ æмæ сæрæй цæвæн. Йæ ныхмæллæууæгыл фæтых уæвыныл архайы Хæдарцаты Азæмæт дæр. Лæппу дзюдойы йæхи нырма афæдзы бæрц йеддæмæ нæ фæлвары. Фæлæ фидарæй зоны, бæрзонд къæпхæнмæ кæй схиздзинæн. Æрæджы дæр ма 200 спортсменæй архайдтой бынтон æндæр уавæрты. Агъуысты сæр уыд æдзæллаг уавæры. Къæвда бон тæдзынæгыл ахуыр уыдысты. Нæ дзы уыд вентиляци дæр. Афтæ, уымæл уавæрты къултæ райдыдтой хъуына кæнын. 5 азмæ агъуыст хъуынайы бын фæци. Æххуысы курдиат бахастой бынæттон администрацимæ. Сцалцæг кодтой агъуысты сæр. Æвæрд дзы æрцыд вентиляци дæр æмæ хъарм уæлдæф циркуляцигæнæн. Уый та уæлдай хъæугæ æмæ ахсджиаг у зымæгон. Æмæ кæд цалцæггонд агъуысты дзюдоисттæ нырма цалдæр тренировкæйы йеддæмæ нæ арвыстой, уæддæр, сын, куыд зæгъынц, афтæмæй зынгæ фенцондæр. Фæсивæд ам фидарæй зонынц, ног уавæрты ног æнтыстдзинæдтæм дæр æнцондæр кæй у тырнын. Калоты Дзерассæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv