Сергей Меняйло видеобастдзинады руаджы бацархайдта иумæйаг æмбырды

Сергей Меняйло видеобастдзинады руаджы бацархайдта парти «Иугон Уæрæсе»-йы уæлдæр Бюрæ æмæ Президиумы генералон советты иумæйаг æмбырды. Мадзалы ма архайдта партийы регионалон хайады секретары хæдивæг Едзойты Марат. Æрдзырдтой бæстæйы иумæйаг хъæлæс кæныны боны хатдзæгтыл. Ацыдысты 8-æй 10-æм сентябры онг. Докладтæ бакастысты Уæлдæр советы сæрдар Борис Грызлов, генералон советы секретарь Андрей Турчак æмæ йæ хæдивджытæ — Александр Сидякин æмæ Сергей Перминов. Андрей Турчак йæ раныхасы рæстæг фехъусын кодта, иумæйаг хъæлæс кæныны бон Уæрæсейы субъектты кæй ацыд 42,2 мин æвзарæн къамисы. Нысан дзы кодтой 32 минмæ 'ввахс депутатон мандаты æмæ æвзарæн куысты бынаты. "Иугонд Уæрæсе" райста хъæлæсты 78 проценты, уый æвзæрстыты æппæт æмвæзадтыл. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй фаронимæ абаргæйæ, бæрæггæнæнтæ зынгæ фæхуыздæр сты. Уый хыгъд Борис Грызлов расидтис, цæмæй партийы регионалон адæмон программæтæ æххæстгонд æрцæуой. Уæлдай æргом — сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæм. Иннæ сæйраг хæс — парти «Иугон Уæрæсе»- хъуамæ бакуса æппæт æууæлтыл дæр, цæмæй иннæ аз бæстæйы президенты æвзæрстытæ ацæуой æнæ фæткхæлдтытæй. Куыд ма фæбæрæг кодтой, афтæмæй 11-æм сентябрæй штаб райдыдта цæттæ кæнын президенты æвзæрстытæм цæттæгæнæн маздæлттæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 466 подписчиков
12+
15 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии