Шмулевичы номыл уынджы сывæллæттæ сæ рæстæг æрвыстой æнæниздзинадæн тæссаг уавæрты
Шмулевичы номыл уынджы сывæллæттæ сæ рæстæг æрвыстой æнæниздзинадæн тæссаг уавæрты. Нæ телекомпанимæ æххуысы фæдыл фæсидт Вера Хомич. Йæ хæстæг, дæсаздзыд Артем, сылгоймагмæ уазæгуаты æрцыд Краснодарæй. Сывæллæтты фæзы куы хъазыд, уæд фæкалд. Æрхауд цыргъ цæджындзыл. Йæ къах уæззау цæф æрцыд, фесæфта бирæ туг. Бахъуыдис ын операци кæнын. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, æфсæйнаг цæджыдзтæ баззадысты раздæры быроны урнæтæй. Æхууысы фæдыл кæдæм фæсидтаиккой, уый нæ зыдтой. Фарстайы тыххæй фехъусын кодтам Дзуæджыхъæуы администрацимæ. Сывæллæтты хъазæн фæзæй æвæстиатæй айстой æнæниздзинадæн тæссаг дзауматæ.