Радон æмбырд
Афæдзы кæронмæ 60 сидзæр сывæллонæн ратдзысты ног цæрæн бынæттæ. Ацы фарстайæн федералон æмæ республикон бюджеттæй радих кæндзысты 80 милуан сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныридæгæн æлхæд æрцыд 18 фатеры, уыдонæй 15 сты Беслæны,3 та Мæздæджы. Æмбырды ма дзырдтой горæты æнцонвадат цардыуаджы программæ куыд æххæстгонд цæууы, ууыл. Хæдзæртты кæртыты аивгæнæн куыстытæ кæнгæйæ, хицауад зæрдыл дары цæрджыты фæндонтæ дæр. Æлбегаты Барисы ныхæстæм гæсгæ, федералон программæмæ бахаудысты Дзæуджыхъæуы 26 бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ. Сентябры астæумæ цалцæгкæнæн куыстытæ фæуыдзысты. Уымæй уæлдай ма аивгæнæн куыстытæ арæзт цæуынц районты дæр. Зæгъæм, Æрыдоны рацараздзысты центрон парк. 7 милуан сомæй фылдæр схардз кодтой Алагиры аивгæнæн куыстытыл. Уым цалцæг кæнынц каштанты аллея. Æхсæнадон бынæттæм зилынц Дыгуры районы дæр. Мæздæджы та ма саив кæндзысты Дубининты æфсымæрты номыл парк дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Радон æмбырд
Категория:
Новости и СМИ