Дыргъдæтты æмхæларад «Локомотив» ы цæрджытæ баззадысты æнæ нуазыны донæй
Цæхæрадæтты æмхæларад «Локомотив»-ы цæрджытæ 6-æм бон сты æнæ донæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ цуры цы спъирты завод «Люкс» ис, уым æрцыдис авари. Заводы алфамблай скъахтой æмæ адæмы дондзæуæн хæтæлтæ бахъыгдардтой. Уæдæй-абонмæ адæм æнæ донæй тухæнтæ кæнынц. Æдæппæтæй кæсаг сурмæ раппарæгау фесты аззадысты 60 хæдзарæй фылдæр. Сæ хъуыддагимæ дзырдтой горæты дондзæуæн хæдзарады разамындмæ. Кусæндоны адæмæн бамбарын кодтой, сæ бæрны кæй не сты, уый. Арвыстой сæ канализацион службæмæ. Уым дæр сын æххуысæй зæрдæ нæ бавæрдтой. Ныртæккæ æмхæларады цæрджытæ нæ зонынц, дарддæр сæхи кæмæ бакъул кæной æмæ сын сæ бæллæхимæ чи баххуыс кæна, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дыргъдæтты æмхæларад «Локомотив» ы цæрджытæ баззадысты æнæ нуазыны донæй
Категория:
Новости и СМИ