Профилактикон хыгъды цы бинонтæ ис, уыдоны сывæллæттæн Ног азы арфæтæ ракодтой
Æрыдоны районы мидхъуыддæгты министрады кусджытæ Ног Азы бæрæгбоны фæдыл арфæ ракодтой, профилактикон хыгъды цы бинонтæ ис, уыдоны сывæллæттæн. Мадзал сарæзтой «Полицейский Дед Мороз», зæгъгæ, æппæтуæрæсеон акцийы фæлгæты. Пъæлицæйы кусджытæ Митын Дада æмæ Митæимæ бабæрæг кодтой 15 бинонджын хæдзары. Уазджытыл зæрдиагæй бацин кодтой. Митын Дада æмæ Митæйæн бацæттæ кодтой бæрæгбоны тыххæй æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ. Уыимæ ма сывæллæттæ радзырдтой сæ фидæны фæндты тыххæй. Уазджытæ æнахъом сывæллæттæ æмæ ныййарджытæн Ног Азы фæдыл ракодтой арфæтæ. Балæвар сын кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ныййарджытæ разыйæ баззадысты, сæ цоты сын кæй æрхъуыды кодтой, уымæй. Пъæлицæйы кусджытæ ныййарджытæн æмæ сывæллæттæн æххуыс кæй кæнынц, уый сын æхсызгон у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Профилактикон хыгъды цы бинонтæ ис, уыдоны сывæллæттæн Ног азы арфæтæ ракодтой
Категория:
Новости и СМИ