Дыууæ æрыгон нæлгоймаджы фыдбылызæй аирвæзын кодтой æрыгон чызджы
Нæ программæйы кæронбæттæны та – æвæджиауы хабары тыххæй. Æрыгон чызджы амондджын ирвæзты æмæ ирон сахъгуырды хъæбатырдзинады тыххæй. Фыййагдоны был улæфгæйæ, чызг йæхи донмæ байста. Фæлæ уылæнтæ ахæм знæт разындысты, æмæ йæ уайтагъд сæ разæй ассывтой. Йæхи бон былмæ рахизын нал уыдис. Хуыцау хорз, æмæ йæ ирвæзынгæнæг дард нæ разынд. Лæппу дæр йæ фæллад уагъта йæ бинонтимæ. Чызджы дон ласы, уый куы федта, уæд йæхи йæ фæстæ ныззылдта. Фæхæст ыл ис æмæ йæ сурмæ раласта. Уæздан æмæ æфсæрмытæгæнаг лæппуимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Йæ ном ын ныр чызджы бинонтæ дзыхæй-дзыхмæ скъæфынц. Уыцы бон Гæздæнты Ацæмæзæй никуы ферох уыдзæн. 8 июлы йæ бинонтимæ улæфыд Фыййагдоны был. Æваст йæ хъустыл ауад йæ бинойнаджы удаист хъæр. Сылгоймаг фæфæдис, цæугæдоны чызг æмæ лæппу ныгъуылынц, зæгъгæ. Ацæмæзæн йæ хъуыды уайтагъд скарста, фыдбылызæй сæ фервæзын кæнын кæй хъæуы. Уæдмæ ма йæм æххуысмæ фæзынд Гуыриаты Владимир. Ацæмæзимæ дон-дон фæтагъд кодтой, бæллæхы чи бахауд, уыдоны фервæзын кæнынмæ. Ацæмæз доны багæпп ласта, Владимир та былгæрон лæууыд. Дæлдонгæнджытæй уæдмæ лæппу куыддæртæй раирвæзт, фæлæ чызджы знæт уылæнтæ уæгъд нал уагътой. Бынæттон цæрджытæ дæр фæфæдис сты, фæлæ Ацæмæз куы нæ уыдаид, уæд фыдбæллæхæн æнæрцæугæ нæ уыд. Зын уавæры чи нæ фæтæрсы, бахъуаджы рæстæг цырд чи фæлæууы, æмæ ма адæймаджы мæлæтæй чи аирвæзын кæны, ахæм сахъгуырдтæй фæзæгъынц - хъайтар, зæгъгæ. Уый æрмæст ирвæзынгæнæджы дарæсæй аразгæ нæу. Ахсджиагдæр сты сыгъдæг удыхъæд æмæ æхсар. Ацæмæз чызгæн уайтагъд фыццаг медицинон æххуыс бакодта. Гыццыл фæстæдæр сæ фарсмæ æрбалæууыд Тагъд æххуысы къарет. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй чызгмæ сæ зæрдæ нал æхсайы. Ныртæккæ ис йæ хæдзары. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дыууæ æрыгон нæлгоймаджы фыдбылызæй аирвæзын кодтой æрыгон чызджы
Категория:
Новости и СМИ