Бæрзонд къæпхæнтæм
Цæгат Ирыстоны æрыгон дизайнертæ сæ коллекци равдыстой модæйы къуырийы Мæскуыйы. Ныртæккæ чызджыты фæхуыдтой голландийы модæйы скъоламæ стажировкæмæ. Уым æндæр бæстæйы дизайнертимæ сæ куыстытæ равдисдзысты. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ æрыгон дизайнертæ фæсарæнты конкурсты фыццаг хатт нæ архайынц. Ивгъуыд аз архайдтой модæйы къуырийы Италийы. Уым дæр сæхи æнтысджынæй равдыстой. Сæ коллекци сын банымадтой хуыздæртæй иуыл. Модæйы фæндагыл чызджытæ сæ фыццаг къахдзæфтæ акодтой сæ ахургæнджыты ныстуантимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрзонд къæпхæнтæм
Категория:
Новости и СМИ