Иры Стыр Ныхасы æадзырдтой ирон æвзаджы райрæзтыл
Мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ парахат кæнын. Ууыл ныхас цыд Иры Стыр Ныхасы æмбырды рæстæг. Амыдта йæ æхсæнадон змæлды сæрдар Уататы Зелим. Цы хъæппæристæ рахастой, уыдоны 'хсæн — сывæллæтты рæвдауæндæтты байгом кæнын мадæлон æвзагмæ здæхт къордтæ. Уымæй уæлдай ма, Уататы Зелимы хъуыдымæ гæсгæ, хорз æххуыс уыдзæн скъоладзаутæй ирон æвзаг хуыздæр чи зона, уыдонæн уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бахауынæн уæлæмхасæн баллтæ дæттын. Æмбырды архайдтой ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, фысджытæ, æхсæнадон архайджытæ, активисттæ. Æппæт хъæппæристæ дæр хæстæг рæстæг фехъусын кæндзысты хицауады уæнгтæн. Иумæйагæй сыл бакусдзысты.