УФ-йы бар ратдзысты цæрæн хæдзæртты фыццаг уæладзгуыты рæвдауæндæттæ аразынæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Уæрæсейы ратдзысты сывæллæтты рæвдауæндæттæ цæрæн хæдзæртты фыццаг уæладзджыты аразыны бар. Уый фæдыл æмбæлгæ гæххæттытæ бафыста нæ бæстæйы премьер-министр Дмитрий Медведев. Гæххæтт равæрдтой Уæрæсейы хицауады сайты дæр. Амынд дзы куыд у, афтæмæй сывæллæтты рæвдауæндæттæ аразынæн уыцы мадзал хаттæй-хатт вæййы иунæг гæнæн. Уæвгæ, алы хатт - нæ. Къулымпытæ дзы, гæнæн ис, æмæ фæзына, бæстыхай ахæм домæнтæ æххæст кæнынæн куы нæ бæзза, уæд. Хъуамæ проекты ахæм гæнæны экономикон бындур бæрæг дара. Дзырдæн зæгъæм, амынд мадзал ахъаз уаид, 3 азы кæуыл нæма сæххæст, уыцы сывæллæттæн рæвдауæндæттæ аразынæн. 2021-æм азмæ афтæмæй паддзахады къухы бафтид амынд кары сывæллæтты рæвдауæндæттæм рад скуынæг кæнын. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ сывæллæтты хи рæвдауæндæттæ аразыны фæтк хауы национ проект "Демографи"-мæ. Йæ фæлгæты æгас паддзахады хъуамæ уый руаджы фæзына 255 мин бынаты сæвæллæтты рæвдауæндæтты. Сæ саразынæн федералон æмæ регионалон бюджетты фæрæзтæ радих кодтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

УФ-йы бар ратдзысты цæрæн хæдзæртты фыццаг уæладзгуыты рæвдауæндæттæ аразынæн

Категория:

Новости и СМИ