Таможнæйы кусæджы бон
Специалист-кинолог æмæ йæ цыппӕркъахыг æрдхорд кæсынц уæзласæн хæдтулгæмæ. Цæлхыты æмæ артаджы бакы бын куыдз тæфмæ гæсгæ агуры, таможнæйы кусджыты цæстытæй æмбæхст дзаумæттæ. Ацы хатт хъуыддаг хорз у - нæ бæстæмæ ласын цы товартæ не 'мбæлы, ахæмтæ дзы нæ разынд. Архайдмæ лæмбынæг кæсынц Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ. Иу суткæмæ контролон-уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы сæрты ахизы 1300 уæзласæн хæдтулгæйы. Закъонмæ гæсгæ ласæн цы товартæ нæй, уыдон уæддæр, гæнæн ис, æмæ исчи афæлвара æрбамидæг кæнын. Зæгъæм, ацы уæзласæн хæдтулгæ æрбацыд Арменийæ æмæ арæны цæстдарды басгæрст ацыд. Ныр та йæм кæсы таможнæйы службæйы кусæг. Инспектор Беркъаты Георгий йӕ куыст хорз зоны. Дарддæр та фæсивæдæн радзырдтой, рог хæдтулгæтæ арæнты сæрты куыд уадзынц, уый тыххæй. Иу суткæмæ контролон-уадзæн пункты сæрты дзы ахизы 3 минæй 4,5 мины онг. Студенттæ бакастысты, ног 6 фæндаджы тæлмыл транспорт куыд æрбахизы. Ноджы ма æрыгæттæн специалисттæ радзырдтой контрабандæ афæлварыны цауты тыххæй. Ахæм экскурси сын сарæзтой фыццаг хатт. Фидæны журналисттæ сæхи цæстæй кæй федтой, нæ бæстæйы æппæты стырдæр уадзæн пункты куыст куыд арæзт у, уый сын тынг ахсджиаг у сæ фидæны дæсныйадæн. Уæдæ таможнæйы кусджытæм байхъусын дæр сын цымыдисаг куыд хъуамæ ма уыдаид?! Сæдæгай архайды хуызтæ æрвылбон саразын, æмæ уый цыфæнды боныхъæд куы уа, уæддæр. Арæнхъахъхъæнæджы куыст æнцон схонæн нæй. Сæ профессионализм та ууыл дзурæг у, æмæ нæ паддзахадон арæны сæрты хизгæйæ æдасдзинад фыццаг бынаты кæй лæууы, стæй закъон ӕххæстдкӕнынад дæр афтæ. Уæрæсейы Федерацийы таможнӕйы кусӕджы бон бæрæг кæнынц 1995-æм азæй. Ацы службæ та у нæ паддзахады сæйрагдæртæй иу.