Хуацауы Дзуарæфтыды бæрæгбоны æдасдзинады фарстатæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

2500 барадхъахъхъæнæгæй фылдæр сæ цæст дардзысты, чырыстон сæйрагдæр бæрæгбæттæй иуы – Хуыцауы Дзуарæфтыды рæстæг æхсæнадон фæткæвæрдмæ. Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хи сконды кусджытæ 17 январæй фæстæмæ хæсдзысты рад æхсæвæй бонæй. Бардахæлдтытæ ма бауадзыны тыххæй Мидхъуыддæгты министрады Оперативон штабæн уыд сæрмагонд æмбырд. Архайдтой дзы ведомствойы кусджытæ æмæ уазджытæ – Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæринаты Тамерлан, Национ гвардийы æфсады разамонæг Рæмонты Эльбрус æмæ ма Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæрттæ. Æхсæнадон æдасдзинады мадзæлтты тыххæй йæ разныхасы радзырдта Æхсæнадон æдасдзинады пъæлицæйы хицауы хæдивæг Сабанаты Альберт. Куыд фæбæрæг кодтам, афтæмæй Доныскъæфæнты бынæттæ байгом кæндзысты 34 ран, республикæйы 26 хъæуы. Мадзæлтты агъоммæ сæрмагонд службæтæ аргъуанты æмæ сæ алфамблæйтты араздзысты иртæстытæ. Уый фæстæ дзы мидхъуыддæгты кусджытæ фæткмæ гæсгæ рад хæсдзысты. Уæлдай фылдæр æргом аздахдзысты Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандонмæ, æрвылаз уым æппæты фылдæр адæм æрæмбырд вæййы. Сабанаты Альберты ныхæстæм гæсгæ, дзуæрттæ бафтауынмæ адæм цы нысангонд бынæттæм цæудзысты, уыдоны бахизæнтæ сифтонг кæндзысты згъæрагурджытæй. Æдасдзинады æппæт мадзæлттæ сæххæст кæныны тыххæй æмгуыст кæныдзысты горæты администраци, профилон министрад æмæ ведомствотимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуацауы Дзуарæфтыды бæрæгбоны æдасдзинады фарстатæ

Категория:

Новости и СМИ