Сæргълæууæг абон ис куыстадон балцы Мæздæджы
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг абон уыд кусæг балцы Мæздæджы районы. Битарты Вячеслав лæмбынæг æркаст районы хъуыддæгтæм. Цæрджыты цы тыхсын кæны, уый федта. Ахсджиагдæр разындысты амалхъом адæмæн æххуысы фарстатæ, æхсæнады, ахуырады æмæ экологийы уавæртæ. Балцы рæстæг Битары-фырт радта цалдæр бардзырды профилон хайæдтæн æмæ аныхас кодта бынæттон цæрджытимæ. Цы куырдтой республикæйы сæргълæууæгæй, уый зонынц нæ уацхæсджытæ. Ацы хъæрмуæттæ сарæзтой 15 азы размæ. Уæд Тонкогубовты бинонтæ джитъритæ æмæ пъамидортæ сагътой сæ фатеры. Стæй балхæдтой хи хæдзар. Сарæзтой дзы теплицæтæ. Сæхæдæг, сæхи къухтæй. Фæлæ бынтон æнæ аиппытæй хъуыддаг нæ цæуы. Битарты Вячеслав бабар кодта æкономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбегæн æмæ районы разамонджытæн кусæг къорд саразын. Фембæлын амалхъом адæмимæ æмæ сын сæ курдиæттæм æркæсын. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, тагъд фæзындзæн хи хæдзарæтты рæзты программæ. Дарддæр бæрнон адæм араст сты Павлодольскæйы станицæмæ. Ам та – зындзынæдтæ æййафы скъола. 114 скъоладзауы ахуыр кæнынц дыууæ сменæйы, æрмæстдæр 9-æм къласмæ. Уый фæстæ та араст вæййынц сыхаг станицæты техникумтæм. Сывæллæтты рæвдауæндон та дзы уæвгæ дæр нæй. Фæнд кæнынц ног скъола саразын. Хъæугæ фæз ис йæ цуры. Коммуналон хауæццæгты полигон. Йæ цуры та Терскæйы станицæ. Куыстуат 30 азæй фылдæр бырæттæ сыгдæг кæны. Ныртæккæ дзы аразынц ног уæлæмхасæн бæстыхай. Йæ директор Александр Пеляковмæ ис фæрстытæ. Хъæуты разамонджытæм дæр уыди сæхи фарстатæ. Садовыйы станицæйы сфæлмæцыдысты сæ фæндæгтæй. Уæззау ласæнтæ фæндаг уæгъд нæ уадзынц. Йæ рæзты ацæуæн дæр хуыздæр нæу. Солиты Тариэль дзуапп радта, бæстонæй йæм базилын сæ бон кæй нæу, уый. Ныртæккæ аразынц æфсæддон базæтæ. Фæндæгтæ та уал бампъуздзысты. Сухотскæйы хъæуы нæй нуазыны дон. Доны хæтæлтæ нызгæ сты, нал бæззынц. Цалцæг кæнынæн та æхца нæй. Битарты Вячеслав профилон ведомствотæй дзуапп бадомта. Мæздæджы районы 60 мин гектары – хуым кæнынæн чи бæззы, ахæм зæххытæ ис. Сæ фылдæры рдæгæн хаццоны фиддон у къаддæр. Хицæуттæ дæр кадастрон аргъ æрæппæрстой, уæдæ куыд. Уый та хуыздæры рдæм нæ ахады, зæгъы Медойты Тимур. Томайты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ, район проекттимæ бынтон æмхиц нæу, фæлæ иумæйагæй амалхъом адæмæн хорз гæнæнтæ ис грантытæ райсынæн. Битарты Вячеслав ма байхъуыста цæрджыты курдиæттæм. Æрбацыдысты йæм 10 адæймаджы. Хъызлары сывæллæтты рæвдауæндоны директор бахатыд бæстыхайы цъæхфæлыстмæ фæкæсын. Мæздæджы цæрæг коммуналон службæтæй хæс дары 130 мин сомы. Уый тыххæй йын йæ пенсийы рдæг нал фидынц. Афтæмæй йæ хæдзары инвалид сывæллон. Цæмæй цæрой, уый нæй. Битарты Вячеслав фарстамæ æркæсын кодта. Бирæсывæллонджын мады хъæуы зæххы хай. Районы разамонæг Олег Яровой уыцы фарстайы зынæй ници федта. Цыбыр рæстæгмæ бинонтæм цы хауы, уый ратдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сæргълæууæг абон ис куыстадон балцы Мæздæджы
Категория:
Новости и СМИ