Рæстдзинады фæдыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы гарнизоны тæрхондоны дарддæр кæсынц Æлбегаты Зелим æмæ Сланты Асланы хъуыддагмæ. Куыд хъусын кодтам, афтæмæй сæ азымджын кæнынц, Цхинвалы 4-æм гарнизоны офицерты фæнæмынæй. Абон тæрхондоны радон æмбырд кæронмæ ахæццæ. Нæ уацхæссæг Гогаты Марат уыдис бынаты æмæ йын дæттæм ныхасы бар. Къухæй фыст гæххæт æмæ социалон хызæгтæй къамистытæ куыд азымы дарæг æвдисæнтæ. Тæрхонгæнæгмæ сæ равдыста прокурор. Фæндыд æй, цæмæй процесс сæхгæной. Ома, дам, хъуыддаджы æвдисæн Богдан Патыкæн æртхъирæн кæй кæнынц, уый бæрæг у уыцы къамистытæй. Уый та йæхæдæг æмбырдмæ цæугæ дæр не рбакодта. Валерий Гаглоев, адвокат: «Мæнмæ гæсгæ, прокуратурæ Богдан Патыкимæ ныхас кодта æмæ йæ тыххæй, раст цы нæу, уый дзурын кæнынц. Куыд зæгъы, афтæмæй йæхæдæг федта, Зайнутдиновы нæмæг æбæрæг нæлгоймаг æфсæддон уæлæдарæсы кæй уыд. Афтæмæй та зындгонд у, Æлбегаты Зелим æфсæддон уæлæдарæсы кæй уыдис». Лæппуты адвокаттæ уыимæ не сразы сты, прокуроры хъæппæрис банымадтой æнæзакъоныл. Цæмæй азымы дарджытæ ахæм митæ мауал кæной, уый тыххæй тæрхонгæнæгæй бадомдтой прокуроры аивын. Уыдæттæ нæ хынцгæйæ, тæрхонгæнæг амынд æрмæджытæ хъуыддагмæ бафтыдта. Фæстæдæр ацыд уынаффæгæнæн уатмæ. Куы рацыд, уæд фехъусын кодта, процесс кæй æхгæны, уый тыххæй. Журналисттæ æмæ æмбырды уæвджытæ райдыдтой номхыгъдтæ аразын, цæмæй сæ æхсæнадон хъахъхъæнджытыл банымайой. Уый ма ницы, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй хъуддаджы æвдисæн Богдан Патык дæр уыдис тæрхондоны, фæлæ йæ адæмæн нæ равдыстой. Æлбегаты Зелим æмæ Сланты Арсены хъуыддаг æхсæнады сызмæста. Лæппутæ сæхæдæг хуыздæр фидæныл нал æууæндынц. Фæлæ барвæндонæй басæттой, уый дæр сæ хъуыдыйы нæй. Тæрхондоны æмбырд аргъæвтой 23 августмæ. Хъуыддагмæ кæсын райдайдзысты 11 сахатыл. Фæлæ нырæй фæстæмæ - æхгæдæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Рæстдзинады фæдыл

Категория:

Новости и СМИ