Цæгат Ирыстоны сног кæндзысты культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 15 объекты
Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Уыимæ ма фембæлды архайджытæ æрдзырдтой сæйрагдæр мадзæлтты цæттæгæнæн фарстатæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Азымты Иринæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2020-æм азы сног кæндзысты культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 15 объекты. Се `хсæн историкон бæстыхæйттæ дæр. Федералон нысаниуæг кæмæн ис уыцы Зруджы аргъуан фæнд кæнынц рацаразын. Уыимæ ма Ирон аргъуан æмæ Нары, Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей. Æппæт мадзæлттæн дæр проектон-сметон гæххæтытæ цæттæ кæны республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министрад. Профилон куыстуатæн бабар кодтой, Уæрæсейы арæзтады министадимæ æмгуыст кæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы трамвайты фыццаг хид дæр федералон программæмæ бахæссын æмæ йæ афтæмæй сцалцæг кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Аланийыл аргъуыды 1100 азы Цæгат Ирыстоны бæрæг кæндзысты 2022-æм азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сног кæндзысты культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 15 объекты
Категория:
Новости и СМИ