Евгений Вахтанговы хæдзар-музейы ацыд моноспектакль "Æндæрбæстаг"

Евгений Вахтанговы хæдзар-музейы арт-кафейы ацыд радон премьерæ - моноспектакль "Æндæрбæстаг". Леонид Андреевы радзырдмæ гæсгæ æвæрд спектакль. Йæ Фыдыбæстæйыл йæ зæрдæ чи сивта, йæхи дзы æцæгæлон чи æнкъары, уыцы адæймаджы тыххæй цаутæ. Хуыздæр цард агур фæнд кæны фæсарæнтæм ацæуын. Сæйраг æмæ иунæг роль ахъазыд актер Андрей Финягин. Йæ курдиат театрдзауты дисы бафтыдта. Сæ æнкъарæнты тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Фыдыбæстæмæ уарзондзинад. Куыд фæзыны адæймагмæ? Хуымæтæг, мæгуыр студент Чистяковы дæнцæгыл æй раиртасæн ис. Йæ бæллиц Германимæ хуыздæр цард агур ацæуын. Йæ алыварс цы адæм ис, уыдоны не 'мбары. Царды сын сæ хъуыдытимæ æмæ хъуыддæгтимæ разы нæу. Тыхсын æй кæнынц. Йæхи фæнд тæры. Уырдыгæй рацыд моноспектаклы сæргонд "Æндæрбæстаг" дæр. Мах спектаклы ацы хуыз цæттæ кодтам сæрмагондæй ацы сценæйæн. Спектакль цыппар азы цæуы. Æндæр залты æндæр хуызы æвæрд уыд. Ныр æм бахастам егъау ивддзинæдтæ. Афтæмæй зæгъæн ис, æмæ ацы дыууæ боны спектаклы премьрæ цæуы. Сценæйыл иу архайд иннæйы ивы. Андрей Финягин рог æмæ æнцонæй æвдисы алыхуызон фæлгонцтæ. Цымыдисаг та куыд нæ у, æмæ йæ алы хъайтары удыконд æмæ зæрдæйы ахаст иттæг хорз хæссы адæмы рæгъмæ. Сæ бакаст, сæ катай, сæ цæсгомы æвæрд, сæ миддуне. Актеры размæ æнцон хæс нæ лæууыд. Ацы спектаклы репетициты иунæгæй архайдтон. Режиссер мæ фарсмæ уыд. Уый бирæ хæттыты федта ацы спекталь. Дæ фарсмæ ничи, афтæмæй дæ хъæуы дæ хъару сæмбæрд кæнын æмæ дæ курдиат æххæстæй равдисын. Уый æнцон нæу. Æмткæй райсгæйæ сценæйыл иунæгæй æрлæууын, уый стыр хæс у. Ныхæсты бæсты ирд декорацитæ. Аив буарызмæлд адæймаджы сценæмæ æлвасы. Змæлд дæр у алыхуызон. Куы цырд, куы фæлмæн, раст цыма иу дзурæджы ныхас баххæст кодтой, афтæ. Æмархайды руаджы иу фæзынд цавæрдæр мидис. Актер театрдзауты 'ргом йæхимæ раздæхта. Залæй сыббырт дæр нæ хъуыст. Авторы ныхæстæм гæсгæ, нæ хъайтары хуызæн æнкъарæнтæ алы адæмагмæ дæр царды фæзыны. Нæй, æвæццæгæн, ахæм лæг æмæ йæ царды исты аивын кæй нæ фæнды. Афтæ нæ сæйраг архайæджы дæр йæ фыдыбæстæ мысыд,æрхæндæг кодта. Афтæмæй та йыл гыцыл раздæр йæ зæрдæ сивта. Фæндыд æй фæуадзын æмæ амонд агур æндæр бæстæмæ фæцæуын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
24 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии