Фæсивæдон форум «Машук»-ы дыккаг сменæ кæронмæ æрхæццæ
Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук»-ы фыццаг сменæ абон кæронмæ æрхæццæ. Сæ куыстæн скодтой хатдзæгтæ. Форумы фæлгæты йæ архайджытæн сарæзтой алыхуызон дæсныйад æвдисæн ахуыртæ - 100 фылдæр. 15 армукъайы æмæ сфæлдыстадон фæзы. Бацæттæ кодтой 300 сæрмагонд проектæй фылдæр. Сæ автортæ сты, куыд æнæкоммерцион организацитæ, афтæ хицæн адæймæгтæ дæр. Цæгат Ирыстоны делегаци «Машук»-ы равдыста 50 проектæй фылдæр. Эксперттæн сæ фылдæры фарс рахæцыдысты. Саккаг сын кодтой 200 баллы. Ацы сахат «Машук»-ы цæуынц кæронбæттæн кадджын мадзæлттæ. Уазджыты ‘хсæн зындгонд зарæггæнджыты къорд «Сплин», зæгъгæ. Хицæн ерыстæн мæ скæндзысты хатдзæгтæ. Сæ хуыздæрты организаторты номæй схорзæхджын кæндзысты лæвæрттæй. Гранттæ чи рамбылдта, уыдон та сбæрæг уыдзысты сентябры кæрон. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз фæсивæдон форум кæй адæргъвæтин кодтой, уый. Арæзт уыдзæн 3 сменæйæ. Дыккаг сменæ баст уыдзæн ахсджиаг социалон ахастдзинæдты фарстытимæ. Архайдзысты дзы дзыллон информацион фæрæзты кусджытæ æмæ блогертæ. Æртыккаг сменæ та ацæудзæн «Я – лидер», зæгъгæ, сæргондимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæсивæдон форум «Машук»-ы дыккаг сменæ кæронмæ æрхæццæ
Категория:
Новости и СМИ