Турнирмæ цæттæ
Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтимæ. Сывæллæттæ сты, футболæй æппæтадæмон ерысты чи архайдзæн Санкт Петербурджы, уыдон. Битарты Вячеслав сывæллæттæн ракодта арфæтæ, цæмæй сæ хъазт рæсугъд æмæ æнтыстджын рауайа. Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ дæр бузныджы ныхæстæ загътой Битарты Вячеславæн æмæ йын балæвар кодтой сæрмагонд пурти «Хуры тын»-ы эмблемæимæ. Санкт-Петербургмæ нæ командæ абалц кодта абон. Ерыстæй уæлдай ма спортсментæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг культурон программæ дæр. Ахæм балц сæ къухы бафтыд, Битарты Вячеслав Парагвайы Уæрæсейы минæвар Хъуыссæты Азæмæтимæ фембæлды рæстæг цы бадзырд бафыста, уый фæстæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, турнирмæ бацæттæ кæныны æмæ балцы хæрдзтæ йæхимæ райста нæ республикæйы сæргълæууæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Турнирмæ цæттæ
Категория:
Новости и СМИ