Дзасохты Алыксандрыл сæххæст 90 азы

Дунейы аренæйы бæстæйы паддзахадон интерестæ хъахъхъæнын. Дипломати æмæ æддагон политикæйæн Дзасохты Алыксандр снывонд кодта йæ царды фылдæр хай. Ази æмæ Африкæйы бæстæтимæ æмархайды Советон комитеты 1-аг секретарь, фæстæдæр Советон Цæдисы æххæстбарджын минæвар Сирийы. Официалон æмæ кусæг хæслæвæрдтимæ Дзасохты Алыксандр бабæрæг кодта 73 бæстæйы. Советон Цæдисы Коммунистон партийы центрон комитеты секретарь, Ирыстонæй рацæуæг ацы къабазы равдыста стыр æнтыстдзинæдтæ. Йæ хæлæрттæ æмæ раздæры æмкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Дзасохы фыртæн абон дæр ма политикæйы ис стыр ахадындзинад. Ирыстонмæ ссæугæйæ Дзасохты Алыксандр архайдта мидæггаг политикæйы. 88-æм азы йæ равзæрстой Советон Цæдисы Коммунистон партийы Цæгат-Ирыстойнаг комитеты фыццаг секретарæй. 10 азы фæстæ та сси Цæгат Ирыстоны президент. Советон æмæ уæрæсейаг политикæйы Патриарх, афтæ йæ хонынц бирæ азты йемæ чи бакуыста, уыдон. Нæ республикæйы æмæ бæстæйы зын рæстæджытæн уыд æвдисæн. Бæстæмæ уарзондзинады дæнцæг. Йæ райгуырæн Ирыстонæн хуыздæр цардыл æппынæдзух архайдта. Йæ райрæзт ын нымадта йæ стырдæр æнтыстдзинадыл. Дзасохты Алыксандр рагæй дзырдта туризмы гæнæнтыл, куыд регионы экономикæйы бындур, афтæ. Къабазмæ стыр æргом раздахын кæй хъæуы, уый амыдта. Абон Дзасохты Алыксандрыл сæххæст 90 азы. Ныртæккæ дæр ма йæ къухы æфты æнтыстдзинæдтæ. Хæрз æрæджы райста Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл министрады Дипломатон академийы кадджын докторы ном. Ахуыргæндты совет ахæм уынаффæ рахастой Дзасохы-фырт Уæрæсейы паддзахадон интерестæ хъахъхъæнынадмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 455 подписчиков
12+
13 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии