Дзæуджыхъæуы уынгтæм фӕлварӕн хуызы рацыд акционерон æхсæнад «Уралтрансмаш»-ы трамвай
Дзæуджыхъæуы уынгтæм фӕлварӕн хуызы рацыд акционерон æхсæнад «Уралтрансмаш»-ы трамвай. Вагон Цæгат Ирыстонмæ схæццæ æрæджы. Трамвайæн йæ цыд цалдæр боны фæлтæрдзысты. Вагон дзуапп дæтты æппæт домæнтæн дæр. Йæ пъол у быноз. Вагоны фæрстæ сты нырыккон æрмæджытæй конд. У уæрæх, фидар бадæн бынæттимæ. Видеоцæстдарды системæ æмæ æрлæууæнты тыххæй информацион таблоимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv