Фыццæгæмкъласонтæ кæм хъомыл кæнынц, 160 ахæм бирæсывæллонджын бинонтæн Дзæуджыхъæуы рахай кодтой 4-
Фыццæгæмкъласонтæ кæм хъомыл кæнынц, 160 ахæм бирæсывæллонджын бинонтæн Дзæуджыхъæуы рахай кодтой 4-гай мин сомы. Æххуыс чи райста, уыдоны номхыгъд снысан кодтой республикæйы Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады. Бахастой йæм, æртæ æмæ фылдæр сывæллоны, стæй инвалид-сывæллæттæ кæм ис, ахæм бинонтæ æмæ æххуысцух цæрджыты æндæр категоритæ. Фæрæзтæ рахай кодтой администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславы номæй. Ныридæгæн фиддонтæ дæттын райдыдтой. Ацы аз фæрæзтæ æрвитдзысты ныййарджыты банчы хыгъдтæм.