Цæгат Ирыстоны азы кæронмæ нæ республикæйы ма банывыл кæндзысты 124 хæдзары кæрты
2020-æм азы кæронмæ нæ республикæйы ма банывыл кæндзысты 124 хæдзары кæрты. Цалцæггæнæн куыстытæ сараздзысты 33 æхсæнадон бынаты дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майрæн. Проект «Формирование комфортной городской среды»-йы фæлгæты бахастой 206 милуан сомы. Уыдонæй 194 сты федералон бюджетæй. Тагъд рæстæг райдайдзысты конкурс рамбулыны мадзæлттæ. Æдæппæттæй 2019-æмæй 2024-æм азмæ фæнд кæнынц барæсугъд кæнын 157 æхсæнадон бынаты æмæ 632 хæдзары кæрты. Сног кæндзысты фæндаг, сифтонг сæ кæндзысты къæйдуртæй, бандæттæй, бырондæттæй æмæ рухсдæттæн системæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны азы кæронмæ нæ республикæйы ма банывыл кæндзысты 124 хæдзары кæрты
Категория:
Новости и СМИ