Доны хæрзхъæддзинады бæрæггæнæн
Доны хæрзхъæддзинады бæрæггæнæн
Æрвылбон дæр республикæйы санитарон-эпидемиологон станцæ бæрæг кæны, нуазыны доны хъæрзхъæддзинад æрдзон бæллæх цы районты бахъыгдæрта, уым. Исынц къранты дон, цæмæй йын раиртасой йæ санитарон-химикон æмæ микробиологон бæрæггæнæнтæ. Иртасынц ма тъæнгты æмæ æндæр хæцгæ низтæ кæмæй парахат кæнынц, уыцы бактеритæ дæр. Фæлхасадмæ цæстдарды федералон службæйы управленийы разамынды уынаффæмæ гæсгæ, уæлдай æргом здæхт цæуы хлоры бæрæггæнæнмæ. Иртæстытæ кæнынц Доны куыстуаты рабораторийы дæр.