5 уæладзыгон зæронд хæдзæрттæ иууылдæр æппæт бæстæйы акалыны хъæппæрис бахастой думæмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Уыцы фæнд депутатты размæ рахастой Санкт-Петербурджы парламенты уæнгтæ. Æмбарынгæнæн фыстæджы куыд амынд ис, афтæмæй зæронд хæдзæртты цæрджытæн хъуамæ радих кæной ногтæ - хуыздæр æмæ уæрæхдæртæ. Фæбæрæг кæндзыстæм уый, æмæ ахæм 5-уæладзыгон хæдзæрттæ амайын райдыдтой ивгъуыд æнусы 50-70-æм азты. Иуæй-иутæ та - ноджы раздæр. Пайдагæнæн сæ ис 50 азы бæрц. Ныридæгæн бирæ бæстыхæйттæн уыцы `мгъуыд кæнæ фæцис, кæнæ та сын кæронмæ фæхæццæ кæны. Сæ техникон басгæрстыты хатдзæгтæй дæр бæрæг у, бирæтæ дзы бынтон заууат ран кæй сты, уый. Закъонадон хъæппæрисы автортæ бакув-бакув кæнынц Мæскуыйы фæлтæрддзинадмæ. Хъæуы йын æрмæст закъонадон бындур ныффидар кæнын. Стæй ма æхца дæр ссарын. Уæвгæ, ууыл дæр хъæппæрисы автортæ ахъуыды кодтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй æвзæр нæ уаид канд паддзахады чыссæмæ нæ, фæлæ ма амалхъом адæмы дзыппмæ дæр нывналын. Иу ахсджиаг фиппаинаг та ма уый у, æмæ канд хицæн хæдзæртты тыххæй нæ цæуы ныхас, фæлæ æнæхъæн микрорайонты тыххæй дæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ахæм хъæппæрис Паддзахадон Думæмæ фыццаг хатт нæ бафтыд. Раздæр ма ууыл ныхас цыд ивгъуыд азы сентябры. Уæвгæ та, куыд зонут, афтæмæй реновацийы программæйæ фыццаг хатт спайда кодтой Мæскуыйы. Уæрæсейы сæйраг горæты кусдзæн 15 азы, хæсгæ та йæм бакодтой 5 мин бæстыхайы. Программæ нысангонд уыдис адæмы хорздзинадæн, фæлæ Мæскуыйы цæрджытæй бирæтæ уыдысты йæ ныхмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

5 уæладзыгон зæронд хæдзæрттæ иууылдæр æппæт бæстæйы акалыны хъæппæрис бахастой думæмæ

Категория:

Новости и СМИ