Бестауты Светланæ 50 азы йæ зонындзинæдтæ не 'вгъау кæны сывæллæттæн

Номдарты тасындзæг, мивдисджыты ивынад, фæрсдзырдты растфыссынад... Ацы æмæ æндæр æууæлтимæ баст хæслæвæрдтæ Октябрскæйы 2-æм скъолайы ахуырдзаутæ æнцонæй æххæст кæнынц. Бестауты Светланæ архайы, цæмæй йæ алы урок дæр уа арфхъуыдыгонд, куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр банкъарын кæна скъоладзаутæн, цы зæгъынмæ хъавыд йæ абоны урокæй. Æвзаджы æрмæг, ныхасы рæзт æмæ урочы хъомыладон хæсимæ, куыд иу вазыгджын ахсджиаг цæг, афтæ бабæттын. Ахæм хæс йæ размæ æвæры Светланæ. Уыимæ, ма рох кæнын, сабитæй иу иннæйы хуызæн кæй никуы вæййы. Йæ дæсныйады хуыздæр миниуджытæ Светланæ йæхи ахуыргæнджытæй райста. Скъоладзау ма куы уыд, уæд йæхицæн нысан сæвæрдта — суыдзæн мадæлон æвзаджы ахуыргæнæг. Æмæ йæ бæллицуыл йæ зæрдæ не сивта. Рæзгæ фæлтæрæн мадæлон æвзаг амоны ныр 50 азы дæргъы, уыдонæй 30 — Октябрскæйы 2-æм скъолайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы урок у сывæллоны зондахасты бындурæвæрæг, йæ цæстæнгас æрдзмæ, адæммæ æхсæнадон цардмæ парахатдæргæнæг. Фæлæ ацы хъуыддаджы ныййарджыты хæс дæр къаддæр нæу. Æмæ кæд Бестауты Светланæ йæ дæсныйадæн ныр æнусы æмбис лæггад кæны, уæд Козаты Изабеллæ та ацы фæндагæн йæ райдианы ис. Георгафийы ахургæнæг Рамоновойы хъæуы скъолайы кусын райдыдта нырма мæй размæ. Фæлæ нын йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæхи æнкъары афтæ, цымæ рагæй дæр сывæллæттимæ куыста, афтæ. Æхсызгон та ма уый у, æмæ æрыгон ахуыргæнæг йæ уроктæ аразы афтæ, цæмæй скъоладзаутæ дзурой ирон æвзагыл. Ахуыргæнæг суæвынмæ Козаты Изабеллæ бæллыд сабибонтæй фæстæмæ. Абон йæ бæллицмæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæны. Фæсивæды хъомылады куыстмæ стыр æргом чи здахы, рæзгæ фæлтæры рухс фидæныл чи тыхсы, уыцы адæм кæддæриддæр сты арфæйы аккаг æмæ ма сын ноджы фылдæр бантысæд!

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
53 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии