Дзæуджыхъæуы æрцахстой, тыхджын хос æнæзакъонæй уæй кæнынæй кæй азымджын кæнынц, ахæм дыууæ барадхал
Дзæуджыхъæуы æрцахстой, тыхджын хос æнæзакъонæй уæй кæнынæй кæй азымджын кæнынц, ахæм дыууæ барадхалæджы. Байстой сæ 30 таблеткæйы «Трамадол», стæй ма наркотикты тыхтон. Оперативниктæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй закъонхалджытæй иу - 1982-æм азы гуырд нæлгоймаг - раздæр дæр ма дзуапп лæвæрдта тæрхондоны раз. Ацы хатт та ауæй кодта 4 таблеткæйы «Трамадол» йæ зонгæйæн. Хъуыддаг æрцыд Дзæуджыхъæуы хæдзæртты кæртытæй иуы. Хабары дыууæ архайæджы дæр барадхъахъхъæнджытæ баурæдтой. 38-аздзыд «уæйгæнæгмæ» ма ссардтой 26 таблеткæйы «Трамадол». Сæ иумæйаг уæз уыд 10 граммæй фылдæр. Нæлгоймаг сæ хъавыд ауæй кæнын. Йæ дзыппы та ма йын ссардтой, «цæххытæ» кæй хонынц, ахæм наркотик. «Уæйгæнæг» дæр æмæ «æлхæнæ» дæр сæ аххосыл басастысты. Гом æрцыд уголовон хъуыддаг Уæрæсейы уголовон кодексы 234-æм сатьямæ гæсгæ «Незаконный оборот сильнодействующих или ядовитых веществ». Уымæй уæлдай ма, гæнæн ис, æмæ барадхъахъхъæнджытæ байгом кæной уголовон хъуыддаг 228-æм статьямæ гæсгæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы æрцахстой, тыхджын хос æнæзакъонæй уæй кæнынæй кæй азымджын кæнынц, ахæм дыууæ барадхал
Категория:
Новости и СМИ