Мидхъуыддæгты министрады историйы музейы уыд лæгдзинады урок
Теркаг милицæйы фæзынды 155 азы боны кадæн Дзæуджыхъæуы Мидхъуыддæгты министрады историйы музейы уыд лæгдзинады урок. Мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны истори æмæ археологийы институты ахуыргонд - Феликс Киреев, Мидхъуыддæгты ветеранты Советы сæрдар - Петр Сазыкин, уыимæ Рахизфарс æмæ Горæтгæрон районты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Феликс Киреев радзырдта, Теркаг милицæ йæ рæстæджы куыд фæзынд, уый тыххæй. Ахуыргондмæ лæвæрдтой фæрстытæ - æнæ дзуаппæй ничи баззад. Теркаг милицæйы структурæ фæзынд 1865 -æм азы. Йæ куыст кодта территорриалон фæткмæ гæсгæ. Сæ дæлхайæдтæ хуыдтой «сотня»-тæ, зæгъгæ. Бирæтæ йæ нæ зонынц фæлæ йæ рæнхъыты службæ кодта Хетæгкаты Къостайы фыд - Леуан. Теркаг Милицæйы минæвæрттæ уыдысты бынæттон адæмыхæттытæй æвзæрст адæм. Офицертæй бирæтæ хæцыдысты Уырыссаг-Япойнаг æмæ Фыццаг Дунеон хæстыты. Æмбырды фæстæ архайджытæн кæронбæттæнæн сарæзтой музейыл экскурси. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мидхъуыддæгты министрады историйы музейы уыд лæгдзинады урок
Категория:
Новости и СМИ