Æрыдоны 3-æм рæвдауæндоны йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн сарæзтой æмбæлгæ уавæрт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

69 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

69 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

69 просмотров

7 лет назад

Æнцонвадат Цардыуаджы паддзахадон программæйы фæлгæты нæ республикæйы 2011-æм азæй нырмæ ифтонггонд цæуынц, йе*нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн ахуырадон уагдæттæ. Рæвдауæндæттæ, скъолатæ, уæлæмхасæн ахуырады центртæ æмæ астæуккаг профессионалон ахуырады уагдæттæ, се*ппæты дæр аразынц æнцонвадат уавæртæ. Уыимæ ма, ифтонггонд цæуынц нырыккон методикон æрмæджытæ æмæ кусæнгæрзтæй дæр. Ацы аз программæмæ гæсгæ, æмбæлгæ уавæртæ сарæзтой 7 ахуыргæнæндоны. Се ’хсæн Æрыдоны 3-æм рæвдауæндон дæр. Ног уавæрты куыст куыд цæуы, уый федта нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Ацы къорды сывæллæттæ архайынц змисимæ. Аразынц дзы алыхуызон нывтæ. Хъазæнтæй пайда кæнгæйæ æрымысынц аргъæуттæ, радзырдтæ. Змисимæ куысты пайда бирæвæрсыг у, зæгъынц специалисттæ. Терапийы руаджы сывæллæттæн сæ уырзты æнкъарынад дæр фæхуыздæр вæййы. Уыимæ ма, сывæллонмæ исты тас куы уа, уæд æй айсæн ис терапийы рæстæг. Сенсорон кубы руаджы та сабитæн сæ хъуыдыкæнынад дæр фæхуыздæр вæййы. Ног кусæнгæрзтæй сæ куысты пайда кæнынц куыд психологтæ, афтæ логопедтæ дæр. Сабинæ Ахмедова, Æрыдоны 3-æм рæвдауæндоны логопед: «Змисы терапи сабитæн сæ ныхас саив кæнынæн дæр стыр ахъаз у. Дамгъæтæ æмæ мыртыл дæр бакусæм. Змисыл сæ сныв кæнынц. Сæ зæрдæмæ тынг цæуы. Цымыдисæй дзы архайынц. Сенсорон куб дæр нын стыр æххуыс у. Алыхуызон фигурæтæ дзы ныппарынц, стæй сæ уый фæстæ йæ хуылфы сæ къухтæй сгарынц». Ам та сабитæ сæ хъомылгæнджытимæ архайынц конструктортæй, æмбырд кæнынц мозайкæтæ. Хуымæтæг не сты. Се `ппæт дæр æххуыс кæнынц сабитæн алухызон æнкъарæнты рæзтыл бакусынæн. Зæгъæм, ацы стъолыл цы тымбылæгтæ ис, уыдон æмбырд кæнынц сæ хуызмæ гæсгæ. Афтæмæй хуызтæ дæр бахъуыды кæнынц. Фарсыл фидаргонд бæласы руаджы та ахуыр кæнынц афæдзы афонтæ. Къорд ифтонггонд у нырыккон методикон æрмæджытæй. Æрыдоны 3-æм скъолайы ног методикон æрмæджытæ фæзынд паддзахадон программæ "Доступная среда"-йы фæлгæты. Йæ руаджы зынгæ фæуæрæхдæр сты хъомылгæнджыты гæнæнтæ сабитимæ кусгæйæ. Методикон æрмæджытæ, хъазæнтæ æмæ кусæнгæрзтæй уæлдай ма программæйы руаджы рæвдауæндон сифтонг кодтой, йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн хъæугæ дзаматæй. Дуæртты бацæуæнтæ фæуæрæхдæр кодтой. Сарæзтой сын сæрмагонд химæ базилæн бынæттæ æмбæлгæ уавæртимæ. Паддзахадон программæйы фæлгæты нæ республикæйы куыст цæуы 2011 азæй. Уыцы рæстæгмæ федералон æмæ республикон бюджеты фæрæзтæй сифтонг кодтой 27 рæвдауæндоны. Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн дзы сарæзтой æппæт æмбæлгæ уавæртæ дæр. Пагиты Заринæ, Æрыдоны 3-æм рæвдауæндоны хицау: «Ацы аз нын фадат фæци «Доступная среда» программæйы бацархайын. Сцалцæг кодтам кодтам иу уат бындуронæй. Фæзынд нæм ног методикон æрмæджытæ æмæ кусæнгæрзтæ. Пайда нын сты æрмæст йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн нæ, фæлæ се ’ппæтимæ кусгæйæ дæр. Æппæт куыстытыл æмæ æрмæджытыл хардзгонд æрцыд милуан сомæй фылдæр». Ацы аз нæ республикæйы программæйы руаджы сифтонг кодтой 7 ахуырадон уагдоны. Се ’хсæн куыд рæвдауæндæттæ, афтæ скъолатæ æмæ сывæллæтты сфæлдыстады центртæ. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрыдоны 3-æм рæвдауæндоны йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн сарæзтой æмбæлгæ уавæрт

Категория:

Новости и СМИ