Туризмы рæзтæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Регионалон туроператорты фæлтæрддзинадæй пайда кæнгæйæ, туризмы рæзтæн æмбæлгæ фадæттæ аразын. Ахæм хæс сæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав республикæйы райрæзты агентады проектон офисы æмбырды. Уымæй уæлдай ма республикæйы сæргълæууæг бабар кодта Цæгат Ирыстоны туризмы комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Кодзаты Зауырбегæн республикæйы туроператортимæ фембæлын. Хъуамæ сын сæ хъæппæристæ æмæ хъуыдытæ базона æмæ æмгуыстадæн бындур сæвæра. Æмбырды ма архайдта туристон оператортæй иуы сæргълæууæг Дзанайты Руслан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы фысымуæтты лæггæдтæн сæ хæрзхъæддзинад у хуыздæрхъуаг. Дзырдтой ма иумæйаг информацион портал саразыны тыххæй дæр. Уым æгас бæстæйы туристтæн фадат уыдзæн Цæгат Ирыстоны баулæфыны фæдыл æппæт фæрстытæн дзуæппытæ ссарынæн. Кодзаты Зауырбег куыд бафиппайдта, афтæмæй сайт тагъд рæстæджы цæттæ уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Туризмы рæзтæн

Категория:

Новости и СМИ