Баскаты Уырызмæг бæрæг кæны йæ 80 азы юбилей
Актер, телеуынынады амонæг, Цæгат Ирыстоны фыццаг спортивон журналист. Йæ дæсныдзинад дисы кæмæн 'фтауы, хорз хъуыддæгтæ аразынмæ дæсгай адæмты чи сразæнгард кодта, йӕ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыдоны фарсмæ æмдзу чи кæны, уыцы Баскаты Уырызмæг. Абон культурæйы сгуыхт кусӕг бæрæг кæны йæ 80 азы юбилей. Раздæрау, нӕ адæмы зæрдæтæ æлхæны йæ фæлмæн мидбылхуд æмæ аив ныхасæй. Ирыстон сæрыстыр кæмæй у, уыцы адæймаджы тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Не 'рвылбоны царды арæх нæ сæмбæлæм ахæм фæзындимæ, ӕмӕ иу адæймаг ӕппæтæн дæр уарзон уа. Фæлæ Баскаты Уырызмæджы тыххæй афтæ зæгъæн ис. Курдиатджын актёр æмæ кинорежиссёр, Цæгат Ирыстоны фыццаг спортивон журналист райгуырд Æрыдоны, схъомыл бирæсывæллонджын бинонты 'хсæн. Скъола каст куы фæци, уæд бацыд Хæххон-металлургон институтмæ, фæлæ дзы бирæ нæ ацахуыр кодта. Йæхимæ йæ æлвæста аивады дуне. Йæ æрфытæ йын бæлвырд басгарынмæ 20-аздзыд лæппу абалц кодта Мæскуымæ, сси Щукины номыл училищæйы театралон хайады студент. Алывæрсыг, фæлæ ӕппӕт дӕр ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ фæлгонцтæ раргом кодта Уырызмæг кинойы. Алы хъайтары дæр-иу срæсугъд кодта йæ уды хъармæй. "Чермен", "Семейная драма", "Во всем виновата Залина" — ацы кинонывтæ сты Цæгат Ирыстоны кинофонды сыгъзæрин коллекцийы хыгъды. Рæстæг сыл нæ тых кæны, кӕсӕм ӕмӕ сæм кæсæм, куыд ногтӕм, афтӕ, зонгæ та нын сты райдианӕй кӕронмӕ. Баскаты Уырызмæджы 1984-æм азы Æгъуызарты Æхсарбег телеуынынадмæ æрбахуыдта. Йæ авторон равдыстытӕ — "Осетия спортивная", "Восточная трибуна", "На ковер приглашается". Уырызмæджы размæ Ирыстоны спортивон царды хабæрттæ ахæм æхсызгон æнкъарæнтæ æмæ уарзондзинадимæ ничи ма дзырдта. Уæдæ йæ дæсныйады фыццаг нæуæндон къахдзæфтæ чи кодта, уыдонæй дæр йæхи иуварс никуы айста. Телеуынынады куысты азты дæргъы иу æмæ дыууæ спортсмены æнтыстæн нæ уыд æвдисæн Баскаты Уырызмæг. Фыста сын сæ уæлахизты истори, зыдта, алы спортсмен дæр йæ бæллицмæ цавæр фæндæгтыл цыд, уый. Æмæ уыдонæн дæр уæлдай буц у. Телеуынынады фæстæ Уырызмæг йæ куыст адарддæр кодта "Рæстдзинад"-ы, уым фæллой кæны ныр 10 азæй фылдæр. Йæ алы æрмæджы дæр газеткæсджыты зонгæ кæны не 'мдугон зындгонд спортсментæ ӕмӕ аивады кусджытимæ. Фæллойадон æнтыстдзинæдты тыххæй Баскаты Уырызмæг хорзæхджын у "Ирыстоны намысы" майданæй. Уыцы иу рæстæг адæмуарзондзинад, фæлмæнзæрдæ ахаст, курдиат æмæ хæдæфсармдзинадæй æххæст адæймаг у Баскаты Уырызмæг. Йæ царды истори дисы æфтауы, йӕхӕдӕг та нын кæддæриддæр у дæнцæг. Уымæн æмæ йæ равзæрст фæндæгтыл цæуы фидарæй æмæ ныфсджынæй. Дæ къухы ма бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтæд, дæ куыстæй та дæ зæрдæ райæд, нæ буц хистæр!