Ныллæг чи тахт, уыцы вертолет фæтæрсын кодта дагестайнаг шофырты
Ахæм нывтæ систой ныллæг «Приорæты» республикæйы ном кæуыл сбадт, уым - Дагестаны. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй ацы ран ныллæджыты канд хæдтулгæтæ нæ уарзынц цæуын. Цæвиттон, ацы кадртæ бахаудысты кæйдæр видеоцæстдарды системæмæ. Махачкалайæ Хасавюртмæ фæндагыл цæугæйæ йæ размæ ныллæг тæхгæйæ æваст февзæрд вертолет. Ныллæг, зæгъгæ, уый дæр фаг дзырд нæу. Йæ цæлхытæй-иу раст фæндагыл цæуæг хæдтулгæты сæртæ фæцæйкъуырдта. Барæй сыл-иу йæхи баскъæрдта æмæ-иу шофыртæ удаистæй фæндаггæрæттæм сæхи байстой. Вертолеты тæхæгæн уый йæ зæрдæмæ цыма фæцыд, афтæ зыны. Фæлæ йын уæлдæфы йæ хъеллау чи федта, уыдоны зæрдæ йæм фехсайдта, кæд, мыййаг, нозтджын у, зæгъгæ. Уæвгæ алкæмæ диссаг нæ фæкаст. Суанг ма дзы, тæхджытæ арæх уæларвмæ ныццæвыны размæ ахуыпп кæнынц, зæгъгæ, чи ныффыста комментариты, ахæмтæ дæр разынд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ныллæг чи тахт, уыцы вертолет фæтæрсын кодта дагестайнаг шофырты
Категория:
Новости и СМИ