Футболы академи «Алани»-йы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой æппæтуæрæсеон турнир «Кубок Абаевых»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

24 просмотра

3 года назад

Футболы академи «Алани»-йы хъомылгæнинæгты æнтыстдзинæдтыл бафтыд. Фесгуыхтысты æппæтуæрæсеон турниры. Кæронбæттæн хъазты мæскуыйаг «Динамо»-йы амбылдтой пенальтиты серийы фæрцы. Зын тактикон нывтæ æмæ сæрæн хъазт. Алы тренировкæйы дæр бæстон архайд. Тренермæ хъæуы лæмбынæг хъусын, цы комбинацитæ амоны уыдоныл арæхстгай кусын. Стыр æргом здæхт цæуы æрыгон футболистты фæразондзинад, техникæ æмæ командæйы æмгуыст кæнынадмæ. Уыцы миниуджытæ «Алани» академийы хъомылгæнинæгтæн баххуыс кодтой æппæтуæрæсеон турнир «Кубок Абаевых» рамбулынмӕ. Сæйраг призæй уæлдай спортсментæ райстой сæрмагонд хæрзиуджытæ дæр. Ууыл æнцайынмæ нæ хъавынц. Фидæны футболисттæм æнхъæлмæ кæсынц ног æнтыстдзинæдтæ. Иу ерысæй иннæмæ быцæуад тыхджындæр кæны. Кæд лæппутæ æвзонг сты, уæддæр уый хорз æмбарынц. Турниры кæронбæттæны футболисттæ фембæлдысты се 'мгæрттимæ мæскуыйаг «Динамо»-йæ. Хъазт рауад цымыдисаг. Хæрд кæнын никæй фæндыд. 90 минуты фæстæ таблойыл хыгъд уыд 0:0. Пенальтитæ къуыргæйæ нæ командæ разынд рæстдзæвиндæр. Фæзæгъынц, уæлахиз сæйрагдæр нæу, ахсджиагдæр у бацархайын, зæгъгæ. Фæлæ уæлахизимæ фидарддæр кæнынц хи тыхтыл æууæнкдзинад. Уый ахады футболистты техникæйы бæрзонд æмвæзадыл дæр. Зæрдæ дарæм ног уæлахизтыл.

, чтобы оставлять комментарии