Паддзахадон Думæ сразы скъолаты æхсæнадæн хъæугæ фæллойады закъонимæ
Паддзахадон Думæ сразы скъолаты æхсæнадæн хъæугæ фæллойады закъонимæ
Бæласы талатæ садзын, кълæстæ æфснайын, мадзæлттæ аразынмæ хъæугæ æххуыс бакæнын. Паддзахадон Думæ сразы скъолаты æхсæнадæн хъæугæ фæллойады закъонимæ. Иумæйаг куыст кæддæриддæр æнгом кодта адæмы, кæрæдзийæн аргъ кодтой. Фæсивæды куыстыл фæцалх кæнын ныр уыдзæн хъомылады æнæмæнг хай. Депутаттæ сæрмагонд гæххæтмæ бахастой сæхи ивддзинæдтæ. Уыимæ ма сног кодтой скъоладзаутæн æвзист майдантæ дæттыны хъуыддаг. Скъолаты ма фæзындзæн ног предмет «Æдасдзинады æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæныны бындурон зонындзинӕдтӕ». Дзæуджыхъæуы 8-æм скъолайы ныридæгæн байгом кодтой технологи æмæ æфсæддон цæттæдзинады кабинеттæ.