Хъæугæ цæстдард

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны ахсджиаг фарстатыл æрныхас кæндзысты сæрмагонд æмбырды Федерацийы советы. Ахæм уынаффæ рахастой федералон кусæндæтты Уæрæсейы Федерацийы субъектты боны фæлгæты. Нæ республикæйæ дзы архайдтой парламенты вице-спикер Кучиты Гарий æмæ сенатор Мамсыраты Таймураз. Кучиты Гарий куыд бафиппайдта, афтæмæй сæрды Федерацийы советы хаст сæрмагонд уынаффæ Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтыл уыд хъæугæ æмæ ахсджиаг къахдзæф нæ республикæйæн. Сæрмагонд гæххæты фæнысан кодтой фынддæс къæпхæны. Алы къабазмæ дæр хауынц куыд финансон, афтæ бюджетон фарстатæ дæр. Аланийыл Дзуарæфтыды 1100 азы бон бæрæг кæныны тыххæй Кучиты Гарий бахаста хъæппæрис Зруджы Мадымайрæмы аргъуан сцалцæг кæныны фæдыл. Уый у архитектурон æмæ историон цыртдзæвæн. Ныртæккæ заууатмæ æрцыдис. Кучиты Гарий куыд зæгъы, афтæмæй республикæйы хицауад хъæугæ курдиат балæвæрдта, цæмæй объекты æмбæлгæ куыстытæ райдайой кæнын. Фæлæ проектон гæххæттытæ фидаргонд нæма сты, уымæй уæлдай бæрæг нæу финансон фарста дæр. Парламенты уæнг йæ курдиат сенатортæн бамбарын кодта, цæмæй ацы фарстатæм се `ргом аздахой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæугæ цæстдард

Категория:

Новости и СМИ