Дзæуджыхъæуы сарæзтой сывæллæтты æртыккаг фестиваль-æркаст «Джазы бæрæгбон»
Дзæуджыхъæуы сарæзтой сывæллæтты æртыккаг фестиваль-æркаст «Джазы бæрæгбон», зæгъгæ. Гомкæныны мадзалы концерты бацархайдтой Чайковскийы номыл фыццæгæм сывæллæтты музыкалон скъолайы ахуыргæнджытæ. Æркаст дæр уыдоны хъæппæрисæй райдыдтой аразын 5 азы размæ. Ацы хатт та хуымæтæг концерт сырæзт æппæтуæрæсеон мадзалы онг. Уæлдай вазыгджын та уый у, æмæ дзы сывæллæттæ тынг зæрдæргъæвдæй кæй бацархайынц. Фестиваль цыд æртæ боны. Джаз уарзджытæ тох кодтой æртæ номинацийы: «Солист», «Ансамбль» æмæ «Оркестр, хор». «Джазы бæрæгбон» арæзт цæуы бынæттон администрацийы культурæйы управленийы æххуысæй. Сывæллæтты музыкалон скъолайы директор Козаты Заремæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй архайджыты нымæц сырæзт дыууæ хатты. Ацы аз сты сæдæйæ фылдæр. Онлайн-хуызы дæр сæ дæсныйад æвдыстой. Нæ республикæмæ чи ссыд, уыдоны æхсæн ма ис уазджытæ Казанæй дæр. Ансамбль «Импровиз-рояльчик»-æн æмбал æгас дунейы нæй. Пианисттæ цæгъдынц джазы стандарттыл импровизацитæ.