Сабырдзинады тыххæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Паддзахадон арæнмæ `ввахс æдасдзинады домæнты æххæстдзинад. Ацы хъуыддагыл ныхас кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны бæрнон минæвæртты радон фембæлды. Сарæзтой йæ Эргнеты хъæуы цур. Кæд æмткæй райсгæйæ, уавæр сабыр у, уæддæр хаттæй-хатт æнæрхъуыды адæмы аххосæй дыууæ регионы ныхмæлæуддзинад фæкарз вæййы. Уыцы цаутæ та хорзæй ницы хæссынц. Цы уыд сæ ныхасы сæр фембæлды архайджытæн æмæ цæуыл ахицæн, уый ныртæккæ базондзыстут. Гуырдзыстон сабырдзинад тауæг домæнтæ арæх кæй фехалы, ууыл сæтгæ дæр нæ кæнынц. Афтæмæй та сæ æнæтæхæг аппараттæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæзынынц Хуссар Ирыстоны уæлдæфон тыгъдады. Цæттæ провокацитæ, æндæр ницы. Коцты Егор, президенты æххæстбарджын минæвар быцæуы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл: «Гуырдзыстонæй чи `рбатахт, уыцы аппарат фæстæмæ дæр уырдæм аздæхт. Абоны онг мах нырма бæлвырд дзуапп нæма райстам уый фæдыл. Куы йæ сывæллæтты аххос кæнынц, куы - туристты. Кæй хъуамæ бауырнной уыцы ныхæстæ, кæд æмæ тæхæн аппарат суанг арæнхъахъхъæнджыты уæзласæн хæдтулгæты гуыффæтæм дæр йæхи байста?!». Арæнтыл канд тæхæн аппараттæ не `рбахизынц æнæзакъонæй. Гуырдзыстоны фистæг тыхтæ дæр сæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фехæлдтой. Коцты Егор, президенты æххæстбарджын минæвар быцæуы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл: «Пъæлицæйы хæдтулгæ æрбагæпп кодта Хуссар Ирыстоны арæныл, азилдух кодта паддзахадон арæн бæрæггæнæг нысаны алыварс æмæ фæстæмæ Гуырдзыстонмæ адымдта. Иннæ хатт дæр - афтæ. Пæлицæйæгты хæдтулгæ Хуссар Ирыстонмæ æрбахызт, суанг ма кæйдæрты уромыныл дæр ацархайдта. Фæлæ та æвæстиат мадзæлтты фæстæ уый дæр Гуырдзыстонмæ алыгъд». Хуссар Ирыстон ма иу хатт бадомдта бæрнон адæмæй, цæмæй паддзахадон арæны бæрæггæнæнтæ кæронбæттæны хуызы снысан кæной. Æнхъæл куыд уыдысты, афтæ рауад: Гуырдзыстон ууыл нæ разы кæны. Коцты Егор, президенты æххæстбарджын минæвар быцæуы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл: «Уыцы хæс кæронмæ куы бакæниккам, уæд бирæ сæрриссæн хъуыддæгтæй ссæрибар уаиккам. Адæмы ахсыны, зæхкусджыты хъыгдарыны, фос давыны цаутæ æмæ æндæртимæ баст». Раздæры фембæлдæй нырмæ Гуырдзыстон арæны `гъдау фехæлдта 12 хатты. Йæхæдæг афоныл чи нæ алыгъд, уыдоны феддæдуар кæнын бахъуыд Хуссар Ирыстоны тыхтæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сабырдзинады тыххæй

Категория:

Новости и СМИ