Æрыгон бинонтæн цæрынмæ фæндаг
Дзæуджыхъæуы администрацийы æрыгон бинонтæн радтой фатер балхæнынæн сертификаттæ. Мадзалы архайдтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис. Социалон фиддоны бæрц у цæрæнбынаты аргъæй 35% бæрц. Æдæппæтæй сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ нæ республикæйы хъавынц 224 бинонтæ, сертификаттæ уал дзы радтой 81-æн. Уымæй уæлдай ма «Хъæууон хæдзарады рæзтыл куысты» паддзахадон программæйы фæлгæты хъæуы хæдзар балхæнын кæй бафæнда, уыцы бинонтæн ацы аз радих кæндзысты 25 милуан сомы бæрц субсидитæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æрыгон бинонтæн цæрынмæ фæндаг
Категория:
Новости и СМИ