Ацæуæн сыл нæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Цæстдарæн-уадзæн пункт Уæллаг Ларс нырма у æхгæд хæдтулгæты æппæт хуызтæн. Арæны сæрты ахизынмæ ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц 364 машинæйы. Уыдонæй 179 сты рог хæдтулгæтæ, 16 – микроавтобустæ æмæ 1 автобус. Иннæтæ сты уæзласæнтæ. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ Бæрзæвцæджы æруарыд бирæ мит æмæ дзы зæйтæ рацæуынæй у тынг тæссаг. Гуырдзыстоны фæндаггон службæтæ сыгъдæг кæнынц ахизæнтæ. Ахæм уавæр ис Транскамы дæр. Зæйты уацары ацы бонты бахауд цалдæр хæдтулгæйы. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Фæндаггон службæтæ æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сæ цæст дарынц адæмы æдасдзинадмæ. Куыд сбæрæг, афтæмæй 18 зæйы рацыдысты сæхи æгъдауæй, 11 та дзы расайдтой барæй. Транскамы 90-æм километры æрцыд зæйтæн сæ егъаудæр. 80 метрæй фылдæр фæндаг æрæхгæдта. Йæ бæрзæнд та у 8 метры. Абон дарддæр дæр зæйтæ æхсынц æмæ фæндаг сыгъдæг кæнынц. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, специалисттæ фæнд кæнынц изæрмæ æппæт куыстытæ дæр фæуын. Хуссар Ирыстоны `рдыгæй фæндаг иууылдæр ссыгъдæг кодтой. Кæд та митдзæгъдæн нæ сиса, уæд 12-æм январмæ Транскам байгом уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ацæуæн сыл нæй

Категория:

Новости и СМИ