Стыр театры бæрæг кæнынц Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилей
Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон бæрæг кæнынц канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма æгас бæстæйы дæр. Ныртæккæ Мæскуыйы Стыр театры сценæйыл цæуы репитици. Гала - концерт баст у поэты 160 азы юбилеимæ. Программæ у цымыдисаг. Мадзалы архайдзысты кафты ансамбльтæ, ирон литературæйы бындурæвæрæджы æмдзæвгæтæ кæсдзысты куыд ирон афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Уыимæ ма адæмы рæгъмæ раххæсдзысты поэмæ «Фатимæ»-йы скъуыддзаг. Режиссер Сæлбиты Акимы ныхæстæм гæсгæ концертмæ сæхи цæттæ кодтой 2 мæйы дæргъы. Ацы мадзал ирон адæмæн у ахсджиаг хъуыддаг. Бафтаудзыстм ма уый æмæ концерт арæзт цæуы Мæскуыйы ирон культурæйы бонты фæлгæты. Уыимæ ма фæнд кæнынц литературон æмæ аивадон фæмбæлдтытæ скæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Стыр театры бæрæг кæнынц Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилей
Категория:
Новости и СМИ