Хивæндæй газæй кæй пайда кæнынц, уый фæдыл гом сты 12 уголовон хъуыддаджы
Адæм хивæндæй æрдзон газæй кæй пайда кæнынц, уый фæдыл афæдзы фыццаг æртæ мæйы æмгъуыдмæ мидхъуыддæгты кусджытæ байгом кодтой 12 уголовон хъуыддаджы. Уый тыххæй артаг æмæ энергетикæйы куыстуæтты `хсæн кусæг къорды æмбырды фехъусын кодта экономикон æдасдзинад æмæ иварты ныхмæ управленийы разамонæг Гадзауты Аслан. Министрады "Газпром" æмæ "ЦæгатКавказэнерго"-йы курдиæтты фæдыл сæрмагонд мадзæлттæ аразынц. Æдæппæтæй мидхъуыддæгты министрадмæ балæвæрдтой 351 курдиаты. Уымæй уæлдай ма, электрон тыхæй æнæзакъонæй кæй пайда кæнынц, уый тыххæй ныффыстой 96 сæрмагонд гæххæты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хивæндæй газæй кæй пайда кæнынц, уый фæдыл гом сты 12 уголовон хъуыддаджы
Категория:
Новости и СМИ