Заз бæлæсты базартæ
Алы районты сын снысан кодтой сæхи бынæттæ. Ног азы фидауц бирæтæ балхæнынц бæрæгбоны тæккæ агъоммæ, уый тыххæй дзы нырма бирæ адæм нæй. Уæйгæнджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй ацы аз заз бæлæстæ нæ республикæмæ къаддæр æрбаластой. Кæм сæ зайын кæнынц, уым сæ акъуырæн нæ уыди, уымæн æмæ æгæр гыццыл уыдысты. Уæвгæ, горæты администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй заз бæлæстæ сты фаг. Равзарæн дзы ис, алкæйы зæрдæмæ дæр чи цæуы, ахæм зайæгой. Сæ аргъ у фондзсæдæ сомæй 5 мины онг. Æппæтæй зынаргъдæртыл дзы нымад сты хъырымаг бæлæстæ. Уыдон аивдæр æмæ къабазджындæр сты. Сæ аргъ дæр дзæвгар фылдæр уымæн у. Ис ма дзы, фурды сæрты нæм чи сæмбæлд, ахæм уазджытæ дæр, зæгъæм, суанг Канадæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Заз бæлæсты базартæ
Категория:
Новости и СМИ