Транспортон быцæу

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Горæты æхсæнадон транспорт та ногæй дзырды сæр сси. Адæмы `нцойдзинадыл хъуамæ архайой, фæлæ сæ нысан куыд æмбæлы, афтæ не `ххæст кæнынц. уæвæр банывыл кæнынæн сын æрхъуыды кодтой конкурс. Саразын æй нæма `нтысы, фæлæ транспорт æмæ промышленносты министрады сæ къухтæ нæма сдардтой. Куыстмæ æрбахонынмæ хъавынц æцæгæлон компанитæ. Дзæуджыхъæуы шофыртæ уайтагъд цæхæртæ акалдтой Æрвылбон 10-æм маршруты машинæтæ сæ куыст райдайынц дзыхъхъыты æмæ цъыф фæндæгтыл цæуынæй. Æрæджы маршрутон такситæ цæуын райдыдтой Карцамæ дæр. Кæд уыцы хъуыддаг цæрджыты уавæр фенцондæр кодта, уæд машинæты техникон уавæрыл та æвзæрырдæм зынын райдыдта¤ Адæм та æндæр хъуыдыйыл хæст сты. Хъынцъым кæнынц, маршрутон такситы фылдæр хай зæронд кæй у, æмæ цæугæ-цæуын сæ гыбар-гыбур кæй фæцæуы, ууыл. Сæ хъаст бахæссынц хицауадмæ. Битарты Вячеслав бадомдта, цæмæй фарста алыг кæныны тыххæй транспортон куыстуæттæ муниципалон хыгъдæй хаст æрцæуой транспорты æмæ промышленносты министрадмæ. Министрады минæвæрттæ æваст кусынмæ февнæлдтой, æркастысты уавæрмæ. Рацæй-рабон, æмæ маршрутон такситы куысты ссардтой аиппытæ. РСО-Аланийы промышленносты æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов: «Нæ республикæйы цы транспортон куыстуæттæ ис, уыдон тæссаг сты уымæй, æмæ сын нæй сæрмагонд гаражтæ. Уый аххосæй, домæнтæ куыд амонынц, афтæмæй шофырты æнæниздзинад æмæ машинæты техникон уавæр ничи сбæрæг кæны. Уыцы хъуыддаг хъæуы банывыл кæнын. Министрад сараздзæн конкурс. Бæлццæтты ласдзысты, адæмы æдасдзинадыл чи хъуыды, уыцы компанитæ». Бæлццæтæ ласыны конкурс расидынц æппынæдзухдæр, фæлæ афæдзы æрдæгмæ алы аххосæгтæм гæсгæ йæ саразын нæ уайы. Министрады уыцы куыстмæ æрбахонынмæ хъавынц æцæгæлон компанитæ. Фæлæ уый ныхмæ сты бынæттон транспортон куыстуæттæ. Æхсæнадон транспорты 85% ис амалхъом адæймæгты къухы. Уыдон 6 мæймæ къазнамæ бафыстой "уанцон нæуы" 500 мин сомы. Паддзахадон транспортон куыстуæттæ та кæд къаддæр сты, уæддæр къазна фæхъæздыглæр кодтой 8 милуан сомæй фылдæрæй. Æнæххæстбарджын организаци «Ротор»-ы сæргълæууæджы хæдивæг Гуытъиаты Тамарæ: «Уыцы хъуыддагыл къæхтæ æмæ къухтæ бафтыдтой. Æмæ арæх æцæгдзинадыл дзурæг нæ вæййы.  Бæлцæттæ ласыны куыст ногæй рацаразынмæ кæдæй хъавынц, уæдæй нырмæ дзы æмтъерытæ не нцайынц. О, уыди ахæм цаутæ дæр, æмæ путевкæтæ лæвæрдтой, бар кæмæн нæй, ахæм шофыртæн. Фæлæ, кусын кæй фæнды, уыцы шофыртæ сындæггай архайынц уавæр сраст кæныныл. Æрмæст сын æххуысгæнæг нæй». Министрады æмæ бæлццæтты ласджыты хъæуы иу хъуыдымæ æрцæуын. Министрады зæрдæмæ нæ цæуы, маршрутон куыстуæтты дохтыртæ кæй нæй, стæй транспорты æдасдзинадмæ цæст кæй ничи дары, уый. Шофыртæ та зæгъынц: горæты администрацимæ æхца кæй нæй, уый тыххæй сын сæрмагонд бынæттæ саразынæн фадат нæй. Министрадæй уæлдай ма уавæрмæ се `ргом хъуамæ здахой транспорты цæстдарды федералон службæйы минæвæрттæ. Транспортон лæггæдтæгæнæг организацитæм хъуамæ уа бардæттæг гæххæттытæ. Æмæ уыцы хъуыддаджы шофырты аххосгæнæн нæй. Бызыккаты Таймураз – «Ространснадзор»-ы сæргълæууæджы хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Бызыккаты Таймураз: «Лицензитæ дæттыны куыстмæ мах нæ цæст дарæм, фæлæ бæрæггæнæг мадзæлтты рæстæг ссарæм æгъдаухæлдтытæ дæр. 11 мæймæ сбæрæг кодтам 500 шофырæй фылдæры». Бæлццæттæ ласыны хъуыддаджы цы уавæр сæвзæрди, уымæй нæ республикæйы сæргълæууæг разы нæу. Министрады фидарæй зæгъынц, транспортон куыстуæттæ кæй баивдзысты, уый тыххæй. Кæцыдæр компанитæ кусгæйæ баззайдзысты, иннæты æрæхгæндзысты. Уый æрцæудзæн хæстæгдæр рæстæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Транспортон быцæу

Категория:

Новости и СМИ