Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азы бæрæгбонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл дзырдтой хицауады уæн
Егъау бæрæгбон дæсгай мадзæлттимæ. Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый мин сæдæ азы азы бæрæгбонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл æрдзырдтой республикæйы хицауады уæнгтæ. Æмбырды сæрдариуæг кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Сæйрагдæр мадзæлттæ ацæуыдзысты 2022 азы сентябры. Бæрæгбоны фæлгæты республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ уыдзысты культурон-спортвон мадзæлтты архайджытæ. Зынгонд нывгæнджытæ сараздзысты равдыстытæ. Гом арвы бын равдисдзысты документалон киноныв. Фæбæрæг дзы кæндзысты Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый мин сæдæ азы бон. Ныртæккæ кинонывыл кусынц. Кæронбæттæны Дзæуджыхъæуы уыдзæн егъау концертон программæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азы бæрæгбонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл дзырдтой хицауады уæн
Категория:
Новости и СМИ