Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты зындгонд поэт Хъамбердиаты Мысосты ном
Поэт райгуырд 1909 азы Кæрдзыны хъæуы. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 10 азы йыл куы цыд уæд. Хъыгагæн фæцард æрмæст 22 азы. Фæлæ ахæм цыбыр цардмæ ирон литературæйы ныууагъта стыр фæд. Йæ æмдзæвгæтæ йын абон дæр хъуыды кæнынц. Мысæн бонмæ æрбацыдысты фыссæджы курдиатæн стыр аргъ чи кæны уыцы адæм. Уазджытæ бацæттæ кодтой цымыдисаг концертон программæ. Хъамбердиаты Мысосты номыл премийы лауреаттæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Уымæй уæлдай ма мадзалы архайдта зараггæнджыты къорд «Уацамонгæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты зындгонд поэт Хъамбердиаты Мысосты ном
Категория:
Новости и СМИ