Тамакойы сыгъдонтæн «фæндаг сæхгæдтой»
Фæндагыл цæугæйæ æнæ тамако йæ цард ад кæмæн нæ кæны, уыдоны рохтыл Уæрæсейы Хицауады сæрдар Дмитрий Медведев æрхæцыд. Нырæй фæстæмæ тамакойы сыгъдон поезды кæнæ хæдтулгæйы рудзынгæй æппарыны бар нал ис. Ахæм ногдзинад паддзахады разамынд ныффидар кодта зынгсирвæзтыты ныхмæ тохы фæлгæты. Уæлдай цæстдард здахдзысты сосæ фæндæгтæм, поезд хъæдтæ æмæ хъæууон хæдзарадон быдыртæм хæстæг кæм цæуы, уыцы рæттæм. Ног домæн ныронг кæй не `ххæст кодтой, уый иу æмæ дыууæ хатты не `ркодта фыдбылызтæм. Уæвгæ, канд тамакойы сыгъдонтыл нæ цæуы ныхас. Хицауады сæрдары уынаффæмæ гæсгæ рудзгуытæй æппарæн нал ис судзгæ æвзалытæ, зынгхæццæ фæнык æмæ `ндæр ахæмтæ. Йæ къухтæ кæмæн нæ лæууынц, уымæн æхсидæвтæ æппарыны бар ис æрмæстдæр лæууыны рæстæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Тамакойы сыгъдонтæн «фæндаг сæхгæдтой»
Категория:
Новости и СМИ